© 2016, Чельдиева Мадина Коммунаровна 250
СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ
Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно
Скидки до 50 % на комплекты
только до
Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой
Организационный момент
Проверка знаний
Объяснение материала
Закрепление изученного
Итоги урока
Абон мё царды ахсджиагдёр у- бахъахъхъёнын мадёлон ёвзаджы рёсугъддзинад, фыдёлтёй ныууадзгё хёзнатё, кёцытё мё хонынц царды фёндагыл. Мё фыдёлты зёхх- мё авдён, мё мадёлон ёвзаг- мё удлёууён, ёнё уыдон мын цард уёрёх дунейыл адджын никуы уыдзён, уымён ёмё зёххон царды цыдёриддёр хорзёй ис, уыдон иууылдёр сёхимё ёлвасынц. Мё хёсыл нымайын фыдёлтёй ныууадзгё удварны хёзнатё:ёгъдау,ёфсарм, удыконды рёсугъддзинад,куыстуарзондзинад, цёстуарзондзинад сыгъдёгёй дёттын рёзгё фёлтёрён. Нё ауёрдын мёхиуыл- нё фыдёлты фарн ёмё намысыл ёнцойгёнгёйё, мё сыгъдёг удыхъёд ёмё фёлтёрддзинадёй тауын хёрзхъёд нёмгуытё, кёцытё суадздзысты фидар талатё. Фыдёлты зёххыл арф ауадздзысты сё уидёгтё, дётдзысты хъёздыг тыллёг. Ивгъуыд бонтёй, нё фыдёлты рёсугъд ёгъдёутты зынг ёрхёсгёйё ёмё дзы мё ахуырдзауты ёвзонг зёрдёты арт суадзгёйё, ёхсёнадён сахуыр кёнын, схъомыл кёнын бёллиццаг фёлтёр. Уё фарн бирё, фёлё мын кёд Хъуыцау иунёг лёппу йеддёмё нё балёвар кодта, уёддёр мын радта ёгёрон уарзондзинад цы хуры тынты ахуыр кёнын, уыдонмё. Мё зёрдё сын зёгъ,мё урочы цы кады мёсыджы кой ракодтон, уым ёрцёрын ёмё дзы сё нёмттё сыгъзёрин дамгъётёй ныффыссын. Стыр бузныг!