Технологон картæ Уӕлахизы урокмӕ 9-ӕм къласы
Темӕ: «Уӕлахизы инӕлартӕ».
Ахуыргӕнӕг : Хъуытъинаты М.Д.
| Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ | -скъоладзауты зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты цауты тыххӕй; -хъомыл кӕнын патриотизмы мотивтӕ ахуырдзауты зӕрдӕты, -ныхасы рӕзтыл бакусын; -скъоладзауты миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст; -гуырын кӕнын цымыдисдзинад историон факттӕм ӕмӕ цаутӕм; -гуырын кӕнын тырныдзинад хъӕбатырты царды тыххӕй фылдӕр зонын, сӕ ӕнӕмӕлгӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй литературӕ кӕсын, сӕ хуыздӕр миниуджытӕ дӕнцӕгӕн исын; |
| Урочы тип | Урок-равдыст урок-проекты элементтимӕ |
| Ахуырадон фӕстиуджытӕ | Метапредметон. Информациимӕ кусын (ӕмбырд кӕнын, хъӕугӕ рӕстӕджы дзы пайда кӕнын); урочы нысантӕ иумӕ сбӕрӕг кӕнын зонын; урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, аив ӕмӕ бӕлвырд ӕмбарын кӕнын хи хъуыдытӕ, диалог аразынмӕ арӕхсын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæныныл архайын хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын. Удгоймагон: хъомыл кӕнын патриотизмы мотивтӕ, ирон хъӕбатырты сгуыхтдзинӕдтӕн аргъ кӕнын зонын, сӕрыстыр уӕвын нӕ хъӕбатыртӕй, райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад гуырын кӕнын, ӕмбарын ирон адӕмы уӕззау уавӕр Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг. Зонынадон: фылдӕр зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнын Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты тыххӕй, адӕмы царды уавӕр хӕсты рӕстӕг, фидар кӕнын арфдӕр зонындзинӕдтӕ ирон инӕларты тыххӕй, рагацау цӕттӕ кӕнын информаци лӕвӕрд хӕстӕм гӕсгӕ. |
| Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ | Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон. |
| Технологитӕ | Ӕнӕниздзинад хъӕхъхъӕныны технологи, дифференциацигонд ахаст ахуырадмӕ , иртасӕн куысты арӕхстдзинадыл архайын, коллективон ӕмӕ индивидуалон проектон архайд. |
| Техникон фӕрӕзтӕ | Компьютер, мультимедийон проектор |
| Цӕстуынгӕ ӕрмӕг | Ӕртӕ зындгонд ирон инӕлары портреттӕ: Плиты Иссӕйы, Мамсыраты Хаджумарыы ӕмӕ Хетӕгкаты Георгийы, презентаци «Уӕлахизы инӕлартӕ», видеоӕрмӕг «Личное дело Исса Плиева» «Личное дело Мамсурова Хаджи-Умара», «Личное дело Хетагурова Георгия» , зындгонд адӕмы ныхӕстӕ ӕртӕ инӕлары тыххӕй, зарджытӕ «Уӕлахизы бон», «Плиты Иссӕйы зарӕг», «Мамсыраты Хаджумары зарӕг», «Хетӕгкаты Гӕбайы зарӕг» |
Урочы организацион структурӕ
| Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд |
| Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци | Хъуысы «Уӕлахизы бон»-ы зарӕг. Разныхас: Сывӕллӕттӕ, абон нӕ урок хуымӕтӕг нӕу, хуымӕтӕг нӕу. Фӕнды мӕ , цӕмӕй абон арф нӕ зӕрдӕтӕй банкъарӕм, цӕуыл дзурдзыстӕм, уый. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты арт нӕ гыццыл Райгуырӕн бӕстӕйӕн дӕр нӕ батӕригъӕд кодта. Нӕ сахъгуырд фӕсивӕд нӕ бамбӕхстой сӕхи, знагимӕ тохы нӕ бавгъау кодтой сӕ хъарутӕ. Сӕ тых, сӕ бонӕй тугкалӕн хӕсты Уӕрӕсейы адӕмы ӕмрӕнхъ ӕрлӕууыдысты. | Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц Ахуыргӕнӕджы разныхасмӕ хъусынц | Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ |
| Зонындзинæдты актуализаци | Ах-г: Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый? Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ, кӕй хуызистытӕ дзы уынут? Цы зонут ацы хъайтарты тыххӕй? СЛАЙД 3 Куыд уӕм кӕсы, кӕуыл дзурдзыстӕм абон? Ахуырг.разныхас: СЛАЙД 2 Ирыстон зындгонд у йӕ хъӕбатыр фырттӕй. 110 мин адӕймагӕй фылдӕр ацыдысты Ирыстонӕй Сырх ӕфсады рӕнхъытӕм Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг. Не ’мзӕххонтӕй 79 аккаггонд ӕрцыдысты уӕлдӕр номӕй – Советон Цӕдисы Хъайтар, 9 –ӕй Кады Ордены ӕххӕст кавалертӕ. Ӕфсады инӕлар Плиты Иссӕ Алыксандыры фырт ӕмӕ инӕлар-майор Фесин Иван Иваны фырт та аккаггонд сты дыууӕ хатты Советон Цӕдисы Хъӕбатырты номӕй. | Хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ, аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог Скъоладзаутӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц, урочы темӕ бӕрӕг кӕнгӕйӕ. Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп. | Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс. Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн . КоммуниКоммуникативон :ныхасы раст пайда кӕнынц аив литературон ӕвзыджы нормӕтӕй. |
| 3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын Физминуткӕ Дарддӕр кусын урочы ӕрмӕгыл | Эпиграф СЛАЙД 4 О, цас разынд хъӕбатыртӕ нӕ Иры! Фӕйнӕгфарс нӕ – болатбазыг сты. А-г: Сывӕллӕттӕ, цы нысаниуӕг ис дзырдтӕн «фӕйнӕгфарс» ӕмӕ «болатбазыг»? (фӕйнӕгфарс-сильный, выносливый, Болатбазыг- стальной, со стальными крыльями) СЛАЙД 5 А-г : Уӕдӕ ма зӕгъут, нӕ урочы темӕ куыд схонӕн ис? А-г: Раст сты уӕ дзуӕппытӕ, абон нӕ темӕ схуыдтон «Уӕлахизы инӕлартӕ». Цӕмӕн «инӕлартӕ»? Тынг раст дзуапп. Абон мах бӕлвырддӕр базонгӕ уыдызстӕм нӕ зындгонд инӕларты цард ӕмӕ хъӕбатыр сгуыхтдзинӕдтимӕ. Куыд уӕм кӕсы цӕмӕн кӕнӕм сӕ кой иумӕ, ӕндӕр исчи се хсӕн цӕуылнӕ ис? СЛАЙД 6 Тынг раст, стыр диссаджы ӕфтауы ацы факт ирон адӕмы. 1903-ӕм аз разынд Ирыстонӕн уӕлдай хицӕн. Хуыцау балӕвар кодта Ирыстонӕн ӕртӕ бӕгъатыры. Байхъусӕм ӕмдзӕвгӕмӕ уырыссаг ӕвзагыл «Три орла». Ӕмхасӕн 1 СЛАЙДТǼ 7-11 Хъуысы Плиты Иссӕйы зарӕг Ах-г: Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъӕбатыр, Манголы Адӕмон Республикӕйы Хъӕбатыр, Ǽфсады Инӕлар. Кӕуыл у ацы зарӕг? Цы зонӕм Плиты Иссӕйы тыххӕй? Абон сымахӕй цалдӕр бацӕттӕ кодтой чысыл проекттӕ нӕ хъайтарты тыххӕй. Табуафси, байхъусӕм Плиты Иссӕйы тыххӕй. Скъоладзауы раныхас. Ӕмхасӕн 2 Ах-г: Уӕ размӕ уын рахастон видеоӕрмӕг «Личное дело.Исса Плиев». Табуафси, бакӕсӕм ӕм. Хатдзӕг Плиты Иссӕ йӕ сабийы бонтӕй суанг йӕ фӕстаг сулӕфты онг дӕр уыд йӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл иузӕрдион, ӕцӕг патриот. Зӕлы хӕстон маршы музыкӕ. СЛАЙДТǼ 11-16 Хъуысы «Мамсыраты Хаджумары зарӕг», Дыккаг скъоладзау зонгӕ кӕны сывӕллӕтты Мамсыраты Хаджумары цард ӕмӕ хӕстон фӕндӕгтимӕ. Ӕмхасӕн 3 видеоӕрмӕг «Личное дело. Хаджи-Умар Мамсуров». СЛАЙД Хъуысы «Мамсыраты Хадзымураты зарӕг», Хатдзӕг Мамсыраты Хаджумарӕн йӕ хъӕбатырдзинад хъуыстгонд уыд суанг ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр. А-г: Ӕртыккаг цӕргӕс Хетӕгкаты Георгий, йӕ бинонтӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ йӕ хуыдтой Гӕба. Адӕмон зарӕг дӕр хуыйны Хетӕгкаты Гӕбайы зарӕг. ( хъуысы зарӕг) СЛАЙДТǼ 17-19 Ӕртыккаг скъоладзау дзуры Хетӕгкаты Георгийы царды хабӕрттӕ. Ӕмхасӕн 4 Видеоӕрмӕг «Личное дело. Георгий Хетагуров». Хатдзӕг Хетӕгкаты Георгийы арӕхстдзинад хӕсты быдыры дисы фтыдта. Йӕ зонд ӕмӕ ӕдасдзинады фӕрцы пырх кодта знаджы ӕнӕнымӕц арми. Ахуыргӕнӕг: Ирон адӕммӕ ис ахӕм ныхас: «Ирыстоны хъӕбатыртыл нӕ кӕуынц, Хъӕбатыртыл нӕм зарджытӕ кӕнынц». СЛАЙД 20-21 Кӕд ацы ӕртӕ хъӕбатыры абон нал сты не ,хсӕн, уӕддӕр Ирыстонӕй рох не сты. Сӕ ном ӕнусмӕ баззад героикон зарджыты. Зарӕг та у ӕнӕмӕлгӕ. Уӕ разы зарджыты тексттӕ. Табуафси, ӕрлӕууын ма кӕнӕм нӕ зӕрдыл литературӕйы теори. Бакусӕм хӕслӕвӕрдтыл текстмӕ. 1 аг къорд зарджыты агурынц метафорӕтӕ, 2-аг къорд эпитеттӕ, 3-аг къорд та абарстытӕ. Ӕмхасӕн 5 Хатдзӕг къордты куыстӕн. | Скъоладзаутӕ кӕсынц эпиграф. Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп. Сывӕллӕттӕ кӕсынц дзырдты тӕлмац Скъоладзаутӕ урочы темӕ дзурынц. Скъоладзаутӕ дӕттынц дзуӕппытӕ «Хъӕбатыр цӕргӕстӕ», «Фӕйнӕгфарс хӕстонтӕ», «Нӕ Иры хъӕбатыртӕ» Съ.-ты дзуапп: Нӕ размӕ цы хуызисытӕ уынӕм, уыдон сты инӕлартӕ. Съ.-ты дзуапп: Сӕ ӕртӕ дӕр сты иу азы гуырд. Скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ уырыссаг ӕвзагыл, иннӕтӕ йӕм хъусынц. Съ.-ты дзуапп: Плиты Иссӕ Скъоладзаутӕ дӕттынц дзапп фарстӕн, дзурынц кӕм райгуырд, цы куыст кодта. Скъоладзау фӕйнӕджы уӕлхъус презентацийы ӕххуысӕй дзуры йе мкъласонтӕн чи уыди Плиты Иссӕ. Скъоладзаутӕ кӕсынц видеоӕрмӕгмӕ. Скъоладзаутӕ ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй хатдзӕгтӕ кӕнынц Иссӕйы царды хабӕртты бындурыл Скъоладзаутӕ маршы цыдӕй сӕ мидбынаты цӕуынц. Скъоладзау фӕйнӕджы уӕлхъус презентацийы ӕххуысӕй дзуры йе мкъласонтӕн чи уыди Мамсыраты Хаджумары Скъоладзау фӕйнӕджы уӕлхъус презентацийы ӕххуысӕй дзуры йе мкъласонтӕн чи уыди Хетӕгкаты Георгий Сывӕллӕттӕ къордты кусынц | Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы ,абарсты фӕрцы. Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц. Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц. Зонадон: хатдзӕгтӕ кӕнынц Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты. Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ. Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы,уый |
| Хатдзӕгтӕ урочы кӕрон | А-г: Кӕдӕриддӕр ирон адӕм ахуыр кодтой сӕ кӕстӕрты рӕстдзинад, уӕздандзинад, патриотизм, хъайтардзинад, лӕгдзинад, райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинадыл. Нӕ инӕлар –хъайтартӕ уыдысты сӕ фыдӕлты аккаг кӕстӕртӕ. Уӕдӕ сӕ кӕстӕртӕ,Ирыстоны кӕстӕртӕн, махӕн, ныууагътой ӕнӕмӕлгӕ дӕнцӕг. Нӕ кадджын инӕларты бӕрзонд ӕмӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ фӕзмут! | Скъоладзаутӕ дӕр хатдзӕг кӕнынц. | |
| Рефлекси | А-г: Уӕ разы карточкӕтӕ фӕрстытимӕ. Афыссут ма дзы дзуӕппытӕ. 1.Цы зыдтон ӕз абоны онг ӕртӕ инӕлары тыххӕй? 2.Цы базыдтон ногӕй абоны урочы? 3. Цы ма мӕ фӕнды базонын ацы урокӕй ацӕугӕйӕ инӕларты тыххӕй. 4.Цавӕр хъуыдытӕ сӕвзӕрд мӕ зӕрдӕйы абон инӕларты героизмы хабӕрттӕм хъусгӕйӕ? СЛАЙД 22 | Скъоладзаутӕй алчи йӕхи бӕрӕг кӕны. | |
| Хӕдзармӕ куыст | Ныфыссын нывӕцӕн-эссе «Хъӕбатырты цард» | | |
Ӕмхасӕн 1
Три орла.
Как добрый знак аланскому народу в одном году все, трое, родились,
И как орлы божественного рода, взмахнув крылом, поднялись круто ввысь.
Измерив взором огненным просторы, что созданы для солнца и для птиц,
Как три горы, как мощных три опоры они стеною встали у границ!
Презревши смерть, и думая о чести, в сражения вступивших за живых,
Как собирать они умели вместе в сплочённую дружину остальных.
Прошли года, остыло боя пламя, кровь запеклась на ранах боевых
И гордых птиц, сражавшихся с ветрами со временем не стало и самих.
О трех орлах поется не напрасно, и слава их бессмертна потому,
Что кормчим быть и трудно, и опасно, что легче быть героем одному.
О, цифра «три» у ариев она священна, им эту весть послали небеса…
В народной памяти останутся нетленны Хаджи – Умар, Георгий и Исса!
Ӕмхасӕн 2
Плиты Иссӕ
Фыдыбæсты стыр хæсты рæстæг йæхи арæхстджын æмæ æхсарджын разамонæгæй чи равдыста, уыдонæй иу фыццаг ирон инæлар, Советон Цæдисы дыууӕ хатты хъæбатыр Монголы Адæмы Республикæйы хъæбатыр, Чехословакийы горæттæ Брно æмæ Братиславæйы кадджын гражданин Плиты Алыксандры фырт Иссӕ .Райгуырд 1903 азы Бæтæхъойы хъæуы, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Иссæ уыд цоты хистæр, æмæ уымæ гæсгæ раджы банкъардта царды уæз. Бирæ куыст æм хауд хæдзары. Лæппу уарзта бæхтæ, бæхыл бадынæй хуыздæр æм ницы каст.
Нудӕсаздзыдӕй Иссӕ йӕ цард сбаста Сырх Ӕфсадимӕ. 1923 азы йӕ арвыстой Ленинградон кавалерион скъоламӕ ӕмӕ йӕ ӕртӕ азы фӕстӕ каст фӕци иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ. Фидӕны зындгонд хӕстон разамонӕджы карьерӕ райдыта Краснодары кавалерион скъолайӕ. 1930 азы ногӕй бацыд ахуыр кӕнынмӕ.1933азы Мӕскуыйы М.В. Фрунзейы номыл Академи ӕнтыстджынӕй каст фӕци,ӕмӕ йӕ снысан кодтой горӕт Житомиры кавалерион дивизийы опреативон хайады хицауӕй. 1936 азы дыууӕ азы ӕмгъуыдмӕ ӕрвыст ӕрцыд службæмæ Монголмæ. 1941 – 1945 азты рабæрæг сты йæ хæстон арæхстдзинад æмæ йæ зонд. Цы бирæ хæстон операциты архайдта, уым равдыста æхсар æмæ стыр лæгдзинад. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.
.Хæсты фæстæ æрвыст æрцыд Дард Хурыскæсæнмæ. Ам дæр та равдыста йæ арæхстдзинад япойнаг æфсæдты ныхмæ. Дыккаг хатт ын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. 1962 азы та йын лæвæрд æрцыд Æфсады Инæлары ном. Иссæ уарзта Уæрæсе, уæлдайдæр та- Ирыстон.
Иссæ амард 1979 азы. Ныгæд у Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы. Иссæйы ном хъуыстгонд у куыд Ирыстоны, афтæ Кавказы иннæ адæмты астæу дæр. Ныффыста 9 чиныджы. Уыдон æххуыс сты хæстон традицитыл хъомыл кæныны хъуыддаджы. Иссæйы хъæбатырдзинад никуы уыдзæн рох ирон адæмæй. Уый кады ном скодта нæ адæмæн.
Ӕмхасӕн 3
Мамсыраты Хаджумары ис схонӕн уникалон адӕймаг. Ирыстоны хуыздӕр фырт 50 азы фӕци ӕфсады рӕнхъыты ӕмӕ архайдта цыппар хӕсты: дыууӕ мидхӕсты Уӕрӕсейы ӕмӕ Испанийы, белофиннты хӕсты ӕмӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Хаджумары цард абарӕн ис хӕххон доны уылӕнтимӕ. Уый нӕ зыдта сабыр цард. Йӕ хъуыддӕгтӕ, суадоны доны хуызӕн , адӕмӕн уыдысты фӕзминаг, гуырын кодтой сӕ зӕрдӕты ныфс. Абон йӕ царды хабӕрттӕй цы цаутӕ сты бӕрӕг, уыдонӕй ирон адӕм сты сӕрыстыр ӕмӕ йӕ кадджын ном рох нӕ кӕнынц.
Советон «спецназ»-ы «фыдӕлтӕй» иу, иттӕг хорз диверсион кусӕг Мамсыраты Хаджумар райгуырдис 15 сентябры 1903 азы Ольгинскӕйы хъӕуы, хуымӕтӕг бинонты хӕдзары. Фынддӕсаздзыд лӕппуйӕ бацыд Сырх Ӕфсады рӕнхъытӕм.
Уӕлдай бынат Мамсыраты сахъгуырды биографийы ахста Испани. Псевдоним «Ксанти» райсгӕйӕ, Хаджумар архайдта испайнаг адӕмы тугкалӕн тохы фашизмы ныхмӕ 1936-1939 азты. Хъӕбатыр ӕмӕ ӕдӕрсгӕ ӕфсӕддоны тыххӕй дзырдтой легендӕтӕ . Булкъон Ксанти ( Мамсыраты Хаджумар) сси Эрнест Хэмингуэйы роман «По ком звонит колокол»-ы сӕйраг хъайтары прототип. Хэмингуэй афтӕ дӕр нӕ базыдта, мачъидон Ксанти ӕцӕгӕйдӕр советон разведкӕйы майор кӕй уыд,уый. Уымӕн ӕвдисӕн - Испанийы Масыраты хъӕбатырӕн цыртдзӕвӕн .
. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фронтыты фӕцыд йӕ фыццаг бонӕй йӕ фӕстаг бонмӕ, кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр уыд раззаг рӕнхъыты. Белоруссийы йӕ къухмӕ райста пратизанты змӕлд, уыд 2-аг Гвардейон кавалериаг девизвйы сӕргълӕууӕг, уӕгъд кодта горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы быдырты, ирвӕзын кодта концлагерты цагъайраг адӕмы. Райста Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном. Инӕлар-майорӕн хӕст фӕци Берлины сӕрмӕ. 24 июны та 1-аг украинаг фронты иумӕйаг пъолчы сӕргъы лӕугӕйӕ сӕрыстырӕй цыд Уӕлахизы Парады.
Сгарӕджы дӕсныйад у ӕнӕдзургӕ хъуыддаг. Йӕ царды фылдӕр хайы цаутӕ абон дӕр ма сты сусӕг. Стыр бынат ахсгӕйӕ, ӕдӕрсгӕ , хъӕбатыр хӕстон уӕвгӕйӕ, Хаджумарт йӕ удыхъӕды сӕмбырд кодта ирон адӕмы хуыздӕр миниуджытӕ, ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр уыд ӕцӕг адӕймаг.
Ӕмхасӕн 4
Хетӕгкаты Георгий Иваны фырт райгуырдис 25 апрелы 1903 азы Ирыстоны рӕсугъддӕр кӕмттӕй иу- Уӕлладжыры комы, Зӕрӕмӕджы хъӕуы. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Георгий уыд девизийы командир, армийы штабы сӕргълӕууӕг, корпусы, стӕй фӕстӕдӕр Армийы сӕргълӕууӕг. Немыцаг лӕгсырдты ныхмӕ равдыста стыр лӕгдзинад ӕмӕ героизм.
14 январы 1945 азы йӕ дивизи райста бардзырд, немыцӕгты фидаргонд Мангушы плацдарм Вислӕйы цӕугӕдоны был саст куыд ӕрцӕуа. Георгийы дӕсны архайд ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы дивизи йӕ куыст иттӕг хорз бакодта. Знаг саст ӕрцыд, пырхонд ӕрцыд йӕ арми. Ацы тохы цы стыр героизм ӕмӕ арӕхстдзинад равдыста, уый тыххӕй 6 апрелы 1945 азы хорзӕхгонд ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъайтары номӕй.
Дыккаг хӕрзиуӕг «Сызгъӕрин майдан» райсынмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ, йӕ сӕргълӕууӕг Армийы инӕлар-булкъон И.Чуйков фыста: «Хетӕджы фырт равдыста бӕрзонд цӕттӕдзинад, фидардзинад, сӕрӕндзинад знаджы ныхмӕ цӕугӕйӕ ӕмӕ ӕдасдзинад штурмы рӕстӕг. Пайда кодта ӕдӕрсгӕ алы маневртӕй, раст арӕзта тохы цыд ӕмӕ –иу уайтагъд знӕгты фӕндтӕ бамбӕрста. Берлины йӕ корпусы хӕйттӕ авд боны дӕргъы тугкалӕн тохы лӕууыдысты знаджы ныхмӕ. Хетӕгкаты Георгийы ӕдасдзинад, ныфс ӕмӕ хъаруйы руаджы сӕххӕст кодтой стыр ахсджиаг хӕстӕ»
Хӕсты фӕстӕ хицауиуӕг кодта дыууӕ окруджы. Ахӕм сыр кад ӕмӕ хӕс, ӕууӕнк бирӕтӕ нӕ равдыстой сӕ царды.
Тынг бирӕ уарзта йӕ райгуырӕн бӕстӕ, кӕд йӕ царды фылдӕр хай арвыста Мӕскуыйы, уӕддӕр. Йӕ цардӕй ахицӕн 3 сентябры 1975 азы. Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иу хӕссы Хетӕгкаты Георгийы ном. Хорзӕхгонд у Ленины 3 орденӕй, Октябры Революцийы орденӕй, Сырх Тырысайы 5 орденӕй, Суворовы 1-аг къӕпхӕны орденӕй, Кутузовы 1-аг ӕмӕ 2-аг къӕпхӕны ордентӕй, Сырх Стъалыйы орденӕй, майдантӕй ӕмӕ ма фӕсарӕйнаг ордентӕ мӕмӕ майдантӕй.
Ӕмхасӕн 5
Плиты Иссӕйы зарӕг
О, мӕнӕ та фидиуӕг ног уац ӕрхаста:
Дыккаг хатт та не мзӕххон Плиты Иссӕ,гъей.
Советон Цӕдисы хъайтары ном райста, -
Йӕ буц ном ӕрттивы стъалыты хсӕн!
Фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ нӕ ирӕттӕм баззад,
Лӕджыхъӕд, ӕхсардзинад, кардимӕхъазт,гъей.
Ӕмӕ дзы Иссӕ дӕр фӕстейы нӕ баззад:
Фыдызнӕгтӕй райста дывӕрӕй нӕ маст!
Чысылӕй схъомыл уый урсзачъе хохы,
Цъӕх цухъхъа, цыргъ хъама, уӕлдзарм худ йӕ конд, гъей.
Уый сӕрыл ӕндонау лӕгӕвзарӕн тохы,-
Уым равдыста йе 'хсар, йӕ хъару, йӕ зонд.
Фӕцӕй-иу тахт размӕ йӕ саулохыл ,фатау,
Зынгӕрттывд-иу кодта ӕлвӕстӕй йӕ кард,гъей!
Йӕ бӕхджын хъазахъаг гӕрзарӕхст ӕфсӕдтӕн,
Ӕрвнӕрӕгау хъуысти йӕ фӕстӕ сӕ зард!
Нӕ урссӕр Кавказӕй Германы быдыртӕм
Уӕлахизы тохы ӕрзылдис уӕндон,гъей!
Йӕ кадыл, йӕ номыл ныззарынц фӕндырты,
Дунетыл ныхъхъӕр ис ирон лӕджы ном!
Фӕнды нӕ дӕ фенын стырӕй, чысылӕй.
Иссӕ, о, Советон Цӕдисы Хъайтар, гъей!
Уӕлахизӕй раздӕхтӕ охы быдырӕй,-
О,не' мбӕстон, сахъгуырд, ысгуыхт инӕлар!
Мамсыраты Хаджумары зарӕг
Кӕрон дӕр нӕ уыди йӕ тохы фӕндӕгтӕн
Фӕринк кардӕй знӕгты цӕгъдгӕйӕ.
Хаджумары рухс ном йӕ тохы хӕлӕрттӕн
Сӕ зӕрдӕты баззад цӕргӕйӕ,гъей!
Зымӕг дӕр булӕмӕргъ уӕд ратӕхы сӕрдӕй,
Нӕ мидбылхудт уымӕн ӕвдисӕн,гъей!
Ӕдас вӕййы тохы хъӕбатырты зӕрдӕ,
Уӕд сонтӕй куыд басӕтты низӕн,гъей!
Дзӕбидыры дзугӕн цы хӕтӕн ис хохы,
Йӕ раздзӕуӕг цъититӕм бафты.
Йӕ дзыллӕйы сагъӕс кӕй бацӕуы тохы,
Дывӕрӕй уый адыл бафты,гъей!
Ӕрттивгӕйӕ хурӕн йӕ хъарунӕ фӕуы,
Йӕ тынтӕ ныппырх вӕййынц фӕзты.
Цӕхӕрцӕст Хаджумарӕн баззад уӕлӕуыл
Йӕ зарӕджы намыс нӕ бӕсты,гъей!
Хетӕгкаты Гӕбайы зарӕг
Сау,сынт, зӕгъ, ратахти ӕмӕ Туалгоммӕ
Сау уац ӕрбахаста,гъей,тох! Сӕрибарыл тох!
Гитлеры сау дзӕргъ,дам, нӕ бӕсты арӕнтӕм
Йӕ ныфс куыд бахаста,гъей, сӕрибар!
Туалт хистӕртӕ Габомӕ бадзурынц
Сӕ зӕрдӕ рисгӕйӕ, гъей, тох, сӕрибарыл тох!
Нӕ буц фӕсивӕды кӕнӕм мах деуазӕг,
Кӕстӕрӕй, хистӕрӕй,гъей,сӕрибар!
Хетӕджы сахъ фырт ,дам, йе 'фсады разӕй
Карз тохмӕ фӕрасти, гъей, тох! Сӕрибарыл тох!
Йӕ хӕстхъом салдӕттӕм сармадзаны нӕмыг
Уӕд къори куы касти, гъей, сӕрибар!
Габойы разӕй,дам, немыц куы лыгъдысты,
Ӕрра фосы дзугтау,гъей,тох! Сӕрибарыл тох!
Мӕлӕт дын макуы уа, карз тохы чи райста
Нӕ рӕзгӕты тугтӕ, гъей, сӕрибар!