| № | Ф.И.О. автора | Год рождения | Место учебы | Номинация | Название произведения | Ф.И.О. педагога |
| 1 | Бедоев Георгий Арчилович | 13.06.2007 | МБОУ ордена "Знак Почета" гимназия №5 им. Луначарского А.В. г. Владикавказ | Перевод русской народной сказки на осетинский (иронский, дигорский) язык | Сычъи– хылычъи. (Коза– дереза) | Волгасова Фатима Сергеевна 89888372074 |
Сычъи- хылычъи.
Раджыма- раджы цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыдис сын иунæг чызг Машæ. Фосы мыггагæй сæм нæ уыд нæдæр хъуг, нæдæр хуы- æрмæст сæгъ. Сауцæст, зылынкъах, цыргъсыкъа сæгъ. Бирæ йæ уарзта зæронд лæг. Иухатт дын арвыста йæ усы сæгъ хизынмæ. Ус æй атардта хизæндонмæ. Изæрæй куы ʼрæздæхтысты, уæд æрæййæфтой зæронд лæджы сæ дуармæ. Æмæ сæгъы фæрсы:
-О мæ сауцæст, зылынкъах, цыргъсыкъа сæгъ, цы бахордтай, цы банызтай?
-Нæ хордтон, нæ нызтон, дæ ус мæ æппындæр нæ хызта. Хиды сæрты куы фæцæйлыгътæн, уæд бæласы сыф ратыдтон æмæ уый аууылдтон. Уый дын мæ хæринаг.
Лæг усмæ смæсты и, фæхыл æм кодта æмæ арвыста Машæйы сæгъ хизынмæ. Фæхызта йæ, стæй йæ æртардта хæдзармæ. Зæронд лæг сæ дуармæ лæууы æмæ сæгъы фæрсы:
-О мæ сауцæст, зылынкъах, цыргъсыкъа сæгъ, цы бахордтай, цы банызтай?
Нæ хордтон, нæ нызтон, дæ чызг мæ æппындæр нæ хызта. Хиды сæрты куы фæцæйлыгътæн, уæд бæласы сыф ратыдтон æмæ уый аууылдтон. Уый дын мæ хæринаг.
Зæронд лæг йæ чызгмæ дæр тынг смæсты и, фæхыл æм кодта æмæ йæхæдæг атардта сæгъы хизынмæ. Фæхизын æй кодта, сæгъ куы бафсæст, уæд æй æртардта хæдзармæ. Сæгъы разæй фæци зæронд лæг æмæ сæ дуармæ æрбадт. Сæгъ куы ʼрхæццæ, уæд æй фæрсы:
-О мæ сауцæст, зылынкъах, цыргъсыкъа сæгъ, цы бахордтай, цы банызтай?
-Нæ хордтон, нæ нызтон, æппындæр нæ хызтæн. Хиды сæрты куы фæцæйлыгътæн, уæд бæласы сыф ратыдтон æмæ уый аууылдтон. Уый дын мæ хæринаг.
Зæронд лæг тынг смæсты сайæгоймæ, ронæй йын йæ фæрстæ фæнадта. Сæгъ хъæдмæ алыгъди. Тæрхъусы хæдзармæ бабырыд, йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ пецыл схуыссыд. Тæрхъус уыцы рæстæг цæхæрадоны къабуска хордта. Хæдзармæ æрбаздæхт æмæ йæ дуар æхгæд. Дуар бахоста æмæ дзуры:
-Чи мын бацахста мæ хæдзар? Чи мæ нæ уадзы мидæмæ?
Сæгъ æм дзуры:
-Æз сычъи- хылычъи, мæ фæрстæ над. Куы дæм рагæпп кæнон, уæд дæ мæ къæхты бын ныцъцъæл кæндзынæн, мæ сыкъатæй дæ ныххуынчъытæ кæндзынæн, гæбазгай дæ ныскъуыдтытæ кæндзынæн.
Фæтарсти тæрхъус æмæ алыгъд. Къудзийы бын бамбæхст æмæ кæуы хъæрæй. Бирæгъ йæ цурты фæцæуы, йæ дæндæгтæ схъаугæ.
- Цы кæныс тæрхъус, цæуыл кæуыс?
-Куыннæ кæуон, хъæды кæрон мæхицæн хæдзар сарæзтон, сæгъ æй йæхи бакодта.
-Ма тыхс, ма мæт кæн хъилхъус, æз æй ратæрдзынæн.
Бацыди бирæгъ тæрхъусы хæдзары цурмæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
-Пецæй рахиз æмæ тæрхъусы хæдзар суæгъд кæн.
Сæгъ æм фæстæмæ дзуры:
-Æз сычъи- хылычъи, мæ фæрстæ над. Куы дæм рагæпп кæнон, уæд дæ мæ къæхты бын ныцъцъæл кæндзынæн, мæ сыкъатæй дæ ныххуынчъытæ кæндзынæн, гæбазгай дæ ныскъуыдтытæ кæндзынæн.
Фæтарсти бирæгъ æмæ алыгъд. Бады къудзийы бын æмæ кæуы тæрхъус. Йæ цурты фæцæуы арс, йæ къæхты бын зæхх æнкъуысы.
- Цы кæныс тæрхъус, цæуыл кæуыс?
-Куыннæ кæуон, хъæды кæрон мæхицæн хæдзар сарæзтон, сæгъ æй йæхи бакодта.
-Ма тыхс, ма мæт кæн хъилхъус, æз æй ратæрдзынæн.
Бацыди арс тæрхъусы хæдзары цурмæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
-Пецæй рахиз æмæ тæрхъусы хæдзар суæгъд кæн.
Сæгъ æм фæстæмæ дзуры:
-Куы дæм рагæпп кæнон, уæд дæ мæ къæхты бын ныцъцъæл кæндзынæн, мæ сыкъатæй дæ ныххуынчъытæ кæндзынæн, гæбазгай дæ ныскъуыдтытæ кæндзынæн.
Фæтарсти арс дæр æмæ алыгъд. Бады тæрхъус къудзийы бын æмæ ноджы хъæрдæрæй кæуы:
-Ныр цы кæнон, дарддæр куыд цæрон? Чи мын ратæрдзæн сæгъы мæ хæдзарæй?
Æрбацæуы сырхкъоппа уасæг сырх цырыхъхъыты æфсæйнаг цæфхæдтимæ, йе ʼуæхскыл цæвæг.
- Цы кæныс тæрхъус, цæуыл кæуыс?
-Куыннæ кæуон, хъæды кæрон мæхицæн хæдзар сарæзтон, сæгъ æй йæхи бакодта.
-Ма тыхс, ма мæт кæн хъилхъус, æз æй ратæрдзынæн.
-Æз æй тардтон- нæ бакуымдта, бирæгъ æй тардта- нæ бакуымдта, арс æй тардта- нæ бакуымдта, дæуæн дæр, Уасæг, нæ бакомдзæн.
-Фенын ма мын æй кæ уæдæ, кæд мыййаг бакомид тæрын.
Бацыди уасæг тæрхъусы хæдзары цурмæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
-Сырхкъоппа уасæг фæцæуы, йæ цырыхъхъытæ дæр сырх, йæ цæвæг цыргъ, сæгъы сæрæн дзы - лыг! Хъи- хъри- хъо!
Фæтарсти сæгъ æмæ пецы сæрæй тъупп, зæххыл гуыпп, афтæмæй хъæдмæ лидзæг фæци. Тæрхъус та фæстæмæ йæ хæдзары æрцард. Абон дæр ма дзы æнæмæтæй цæры, уырыдзытæ æууилы.