Иран
Салам, Иран, ирон хъæуты рæсугъддæр!
Куыдтæ цæрыс? Цæмæй тыхсыс, зæгъма-ма?
Дæуæн дæ номы фарн дæр ис мæ уд дæр,
Хуыздæр фидæн та разæй ис нырма.
Лæгыл дæ цинæй базыртæ æрзайы,
Лæджы зæрдæ ыстæхы арвмæ ам.
Нæ цæстынгас дæ æрдз йæхимæ сайы,
Хæрзæгимæ æмсæрон нæу хæрам.
Фæзары уæлдæф ацы ран æмырæй,
Йæ сабырад дæр махæн у æхцон.
Мах уарзæм тынг, сæумæйæ бон куы гуыры
Уæнрог уæвын у ам лæгæн æнцон.
Æрыхъал хъæу. Йæ фосмæ алчи зилы.
Сылгоймæгтæ сæ хъæууынгтæ мæрзынц.
Кæйдæр дуармæ йæ базыртæ хъаз тилы,
Чысыл сабитæ ахуырмæ тындзынц.
Куыд адджын дæ хъæууон лæгæн йæ удæн.
Æрцахсы раздæр саби ам йæ зонд.
Дæ хъæбултæн нæй иу ран дæр фæцудæн,
Кæм фанды дæр дæ кад хæссынц бæрзонд
Ираны цард цæджджинагау фыцы,
Йæ рухс фидæнмæ ерысæй тындзы.
2009 аз.