Ӕфсир
Цардысты æмæ уыдысты дыууæ мысты: Разил æмæ Базил.
Семæ ма цардис уасæг, кæцыйæн уыд зæланг хъæлæс. Мыстытæ æрмæст кафын æмæ зарынæй йеддæмæ ницы зыдтой, бон-изæрмæ разил-базил кодтой.
Уасæг та-иу райсомæй йæ зæланг хъæлæсæй райхъал кодта алкæй дæр, стæй-иу йæ куыстытыл балæууыд.
Уæд иу хатт, кæрт мæрзгæйæ, ссардта мæнæуы æфсир.
- Разил! Базил! - фæхъæр кодта мыстытæм уасæг, - кæсут-ма, цы ссардтон!
Уыдон æм æрбазгъордтой æмæ дзурынц:
- Банай кæнын æй хъæуы.
- Ӕмæ йæ чи банай кæндзæн? - афарста уасæг.
- Ӕз нæ! - ныхъхъæр кодта Разил.
- Ӕз дæр нæ! - ныхъхъæр кодта Базил.
- Хорз, - загъта уасæг, - æз æй банай кæдзынæн.
Ӕмæ райдыдта архайын.
Мыстытæ та хъазыныл фесты.
Уасæг йæ куыст куы фæцис, уæд та хъæр кæны мыстытæм:
- Кæсут-ма, æфсир банай кодтон!
Мыстытæ та æрбазгъордтой æмæ иу хъæлæсæй загътой:
- Ныр та йæ æрыссын хъæуы куыройы.
- Чи йæ ахæсдзæн? - бафарста уасæг.
- Ӕз нæ! - фæхъæр кодта Разил.
- Ӕз нæ! - фæхъæр ласта Базил.
- Хорз! - загъта та уасæг, - æз æй ахæсдзынæн.
Голлаг йе 'ккойы акодта æмæ араст куыроймæ.
Мыстытæ та кæрты гæлæмытæй хъазынмæ фесты. Кæрæдзи сæрты гæппытæ кæнынц, цин кæнынц.
Уасæг уæдмæ куыройæ ’рбахæццæ. Ногæй та дзуры мыстытæм.
- Рауайут-ма рæвдздæр!
Ӕрбалыгъдысты мыстытæ æмæ цин кæнын байдыдтой:
- Уый дын уасæг! Сæрæн уасæг! Ныр хыссæ скæнын хъæуы, æмæ гуылтæ сфыцæм.
- Чи скæндзæн хыссæ?
- Ӕз нæ! - фæхъæр кодта Разил.
- Ӕз нæ! - фæхъæр ласта Базил дæр.
Ахъуыды кодта уасæг æмæ зæгъы:
- Ӕвæццæгæн, та уый дæр мæ куыст у!
Хыссæ скодта, сугтæ ныссаста, пецы бандзæрста.
Мыстытæ дæр сæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафынц: зарынц, кафынц.
Гуылтæ куы сцæттæ сты, уæд мыстытæм дзурын дæр нæ хъуыд, уайтагъд сæхæдæг йæ разы фестадысты.
- Мæнæ мын цы æххормаг у! - бадзырдта Разил.
- Ӕз дæр сыстонг дæн! - бауасыд Базил.
Уайтагъд фынджы уæлхъус абадтысты. Уасæг сæм дзуры:
- Фæлæуут-ма! Фыццаг уал мын зæгъут, æфсир чи ссардта?
- Ды! - фæхъæр ластой мыстытæ.
- Чи йæ банай кодта?
- Ды! - фæхъæр та ластой мыстытæ.
- Куыроймæ чи ацыд?
- Уый дæр ды! - сдзырдтой та иумæ.
- Хыссæ чи скодта? Сугтæ чи ныссаста? Пецы арт чи скодта? Гуылтæ чи сфыхта?
- Иууылдæр ды, - лыстæг хъæлæсæй загътой мыстытæ.
- Сымах та цы куыстат? - бафарста та уасæг.
Цы ма загътаиккой...
Сабыргæй фынджы уæлхъусæй сыстадысты, уасæг сæ уромгæ дæр нæ бакодта.
Кусгæ чи нæ кæны, уый хæргæ дæр нæ кæны.
Фун æви æцæг
Еу гъæуи цардæй хуæнхаг лæг, ’ма ин адтæй биццеу. Еу сæумæ и фидæ мæнæуæ сор кæнунмæ æндæмæ рахаста. Æ фуртæн загъта, зæгъгæ, фæккæсæ имæ, цæмæй æй тæхгæ цъеутæ ма фæххæссонцæ.
Æхуæдæг ба рандæй гъæдæмæ. Фæстæмæ ку æрбаздахтæй, уæд уинуй: биццеу бадуй ’ма рæхцуй. Æ рази ци нæмуг адтæй, е æнæвнæлд, идарддæр ка адтæй, уой ба цъеутæ фæххастонцæ.
Исмæстгун æй фидæ ’ма æ фуртбæл гъæр кæнуй. Биццеу фесхъиудтæй æма æ фидæмæ скастæй.
- Цæмæннæ багъæуай кодтай нæмуг? - фæрсуй æй фидæ.
Биццеу имæ десгæнгæй дзоруй:
- Мæ бон не ’ссæй нæмугмæ кæсун, уомæн æма мæ багъудæй паддзахи кизгæмæ цæун.
- Циуавæр кизгæмæ? Æз дæ ку не’рвистон! —деси бацудæй æ фидæ.
- Ду мæ не’рвистай, фал æз мæхуæдæг рандæ дæн. Куд адтæй, уой дин радзордзæнæн. Ду ку рандæ дæ, уæд дин æз бадун æма кæсун: еунæг цъеу дæр нæййес. Иссирдтон зæронд бухар ходæ, ниййауигътон æй еу къалеубæл, цæмæй си цъеутæ тæрсонцæ, мæхуæдæг ба, зæгъун, мæхе бауадзон ’ма бауолæфон. Фал тагъд рæстæги дони билæбæл равзурстæн. Донмæ дин ку бацæуинæ ’ма лæхъуæн ку фестинæ. Мæхе ниртадтон, уæдта билæмæ рацудтæн, мæ хъæппæлтæ скодтон, æма куддæр цæун фæндæ скодтон, уотæ кæсун, æма рæсугъд кизгæ æрбацæуй, æ къохи гогойнæ, уотемæй.
Ку мæ фæууидта, уæд мæмæ хæстæгдæр æрбацудæй ’ма уотæ зæгъуй:
- Барæнай, мама цо, æз паддзахи кизгæ дæн, дæ хæццæ мæ фæндуй баунæффæ кæнун.
Байзадтæн, æма мин кизгæ дзоруй: - Еу тузмæг паддзах нин æ берæ ’фсæдти хæццæ нæ зæнхити арæнтæбæл æрлæудтæй. Мæ фидæмæ мин æрбарвиста дууæ карди, æма, дан, базонæ, кæци си æй кънязи, кæци ба - хумæтæг лæги.
Ку нæ, дан, базонай, уæд дин дæ зæнхитæ низзæууат кæндзæнæн.
Раст дзуапп неке зонуй. Дæ бон нин фенхус кæнун æй?
Æз кизгæн загътон: - Дууæ карди дæр арти байвæретæ. Хумæтæг лæгæн æ кардбæл фæззиндзæнæй сойнæ, уомæн æма си косгæ кæнуй. Кънязи кард ба уодзæнæй сор. Цо æма дæ фидæн радзорæ мæ унаффæ, фæстæмæ ку цæуай, уæдта мин дæ хæццæ кæрдзинтæ рахæссæ. Хъæбæр исæстонг дæн.
Кизгæ рандæй. Рæфти ба кæрдзинти хæццæ ’рбацудæй æма дзоруй: - Раст загътай кæрдти туххæй. Фал нæмæ нур ба еци паддзах æрбарвиста дууæ уасæнги, базонетæ, дан, кæци си æй зæронд, кæци ба - æригон. Неке æй зонуй, ци зæгъгæй, уой.
Æз кизгæн загътон: - Дууæ бони син хуæруйнаг ма раттетæ, æртиккаг бон ба сæ рауадзетæ æма син мæнæуæ никкæнетæ. Сæхе хуæрунбæл ку ниццæвонцæ, уæд сумах ба кæсетæ: æригон уасæнгæ æ сæр дардзæнæй думгæмæ, зæронд ба - фæстæмæ.
Кизгæ сæхемæ рандæй. Æз бадун æма æнгъæлмæ кæсун. Æртæ боней фæсте кизгæ фæззиндтæй æма загъта: - Раст бабæй адтæ. Фал нин нæуæг фидбилиз аразуй паддзах. Мæ фидæмæ æрбарвиста æфсæйнаг цæгиндзæ: еске, дан, æй æ еу къохæй исесæд æма ’й билгæрони сæрти багæлдзæд, цæмæй гъосинбæл исуайа. Гъеуæд, дан, уæ арæнтæй рандæуодзæнæн.
- Хуарз, æз алцидæр бакæндзæнæн, - загътон æз, - æрмæст мин паддзах еу гал равгæрдæд æма мæ бафсадæд.
Фæлледзуй кизгæ, мæнæн ба загъта, макумæ рандæ уо, зæгъгæ. Сахат дæр ибæл нæ рацудæй, уотæ фæстæмæ фæззиндтæй.
- Загътон паддзахæн, æ еунæг къохæй æфсæйнаг цæгиндзæ ка исеса, уæхæн лæхъуæн иссирдтон, æрмæст ин гал равгæрдæ ’ма ’й фæххинцæ.
Рандæ дæн, æма мæ æцæгæй дæр фæххинcтонцæ, уæдта мин бавдистонцæ цæгиндзæ. Æз æй мæ еу къохæй фелвастон, билгæрони сæрти æй багæлстон ’ма уотемæй исæргъавтон гъосин.
Еци рæстæг мæ уидта и тузмæг къняз дæр. Кæд, дан, аци зæнхи уæхæн тугъдонтæ ес, уæд мин фæстæмæ цæугæй, зæгъгæ, раздахта е’фсæдтæ.
Нæхе паддзах бацийнæ кодта, мæнæн ба зæгъуй, зæгъгæ, еци тузмæг кънязæн ес рæсугъд кизгæ, цо, æма ин зæгъæ, дæ кизги дин корун, зæгъгæ. Мах ба дин, адæм ке нæма фæууидтонцæ, уæхæн киндзæхсæвæр искæнæн.
Еци бон рацудтæн. Цæун æма стур дони рази равзурстæн. Кæсун, æма еу лæг стур боцикъайæй дон ниуазуй, уотемæй ба гъæр кæнуй: - Æдонугæй мæлун!
Æз деси бафтудтæн.
- Е дессаг нæ ’й, - дзоруй лæг, - дессаг, æфсæйнаг цæгиндзæ æ еунæг къохæй ка исиста, е æй. - Е æз дæн. Нур ба цæун кънязи кизгæ корунмæ. Цæуæн мæ хæццæ.
Исарази æй лæг. Уотемæй ма сæбæл, надбæл цæугæй, рамбалдæй цуппар лæги. Дуккаг лæг хъæбæр цурд лигъдæй, æ сæрти ба тахтæй уари. Æртиккаг лæг, хонхи фæсте ци хелагæ цардæй, уой змæлд игъуста. Цуппæрæймагæн ба æ бон адтæй æртæ хуаси ласæги исесун æма сæ æндæр рауæн æривæрун, æ фарсмæ ба лигъдæй берæгъ.
Уотемæй фондземæй бахъæрттан паддзахи галауанмæ. Æ тæккæ рази нæмæ еу гæс дзоруй: - Цалинмæ тугъдон уæсæнгæбæл нæ фæхъхъæбæрдæр уайтæ, уæдмæ уин идæрддæр цæуæн нæййес.
Æз уарий рауагътон. Цæйбæрцæ рацудайдæ, ’ма и уасæнги ниттудта. Мах фæццурд ан цæунмæ. Кæсæн, æма дин колдуар, æ размæ бабæй гæс. Еци гæс нæбæл рауагъта гъиггаг куй, мах ба - нæ берæгъи, куй ледзæги фæцæй. Банæуагътонцæ медæмæ. Еу хæдзари нин фингæ ракодтонцæ.
- Къæрцгъос, ци дзорунцæ нæ фусунтæ?
- Паддзах нин нæ хуæруйнагбæл марг æфтæун кæнуй, загъта къæрцгъос лæг.
Хуæруйнаг нин ку æрбахастонцæ, уæд æй нæ бакумдтан. Ниххустан, фал, раст ниффунæй уæн, зæгъгæ, уæд дин цидæр хъуæцæй байдзæг æй нæ хæдзарæ. Фæггæпп кодтон, кæсун æма дин гуппæй арт цæфсуй. Дон боцикъайæй кæ ниуазта, еци лæг арт фæххуссун кодта.
Уæдмæ нæбæл дони гулфæнтæ ракалдæнцæ, цæмæй дони буни фесæфæн. Ами ба нин фенхус кодта, хуаси ласгутæ ци лæг хаста, е. Нæ хæдзарæ нин æндæр рауæнмæ исиста.
Сæумæ нин паддзахи косæг загъта: - Дæттуй дин кизгæ, кæд уи еске къæсибадæг уоси раййафа, уæд. Аци хатт мин фенхус кодта, цурд ка лигъдæй, еци лæг. Æрмæст ибæл уосæ хуссæг бафтудта. Нур ба мæхе хъаурæ багъудæй. Фелвастон æфсæйнаг цæгиндзæ, фехстон æй дони били сæрти. Еци гуппæй ме’мбал фегъал æй æма æрбаййафта къæсибадæг уоси.
Уой ку фæууидта паддзах, уæд исарази æй æ кизги радтунбæл.
Раздахтæн нæхемæ.
- Уинис, ци берæ гъуддæгтæ бакодтон, кутемæй ма гъæуай кодтайнæ цъеутæ? - загъта биццеу æ фидæн. - Нæмуг уинун, дæу уинун, кизгæ, уæдта дин дæ дессаги æмбæлтти бæ нæ уинун, кæми æнцæ? - фæрсуй фидæ. Биццеу ракæсæ-бакæсæ ракодта, фал е дæр неке фæууидта. Æрмæст загъта: «Ӕвæдзи, е мæ фуни адтæй”.
Арс æмæ Къогъо
Иухатт Арс хъæды æрцахста Тæрхъусы æмæ йын хынджылæгæй йæ хъустæ ивазын байдыдта.
Тæрхъусæн фæрыстысты, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хъустæ. Арсмæ та уый тынг худæг каст. Дзæбæх дзы куы фæхынджылæг кодта, уæд æй ауагъта æмæ дарддæр араст йæ фæндагыл.
Тæрхъус фыр тæссæй къудзийы бын бамбæхст æмæ кæуы.
- Цыма мæ цæй тыххæй фæхынджылæг кодта арс? - дзуры йæхæдæг йæхицæн, - хорз, æмæ 'гас уæддæр баззадтæн. Хъустæ байгас уыдзысты, цæссыгтæ бахус уыдзысты, æмæ цыма кæмæ бахæссон мæ хъаст. Арсæй тыхджындæр хъæды чи у? Бирæгъ æмæ Рувас дæр йе 'рдхæрдтæ сты. Мæнæй æнамонддæр ацы хъæды ничи ис. Мæхæдæг гыццыл, лæмæгъ. Мæ сæрыл чи рахæца, ахæм æмбал та мын нæй.
- Ӕз дæ сæрыл рахæцдзынæн! –цавæрдæр цъыс-цъыс айхъуыста хæмпæлтæй.
Лæмбынæгдæр куы бакаст, уæд ауыдта Къогъойы.
Ӕвиппайды йæ цæссыгтæ фæурæдта, йæ зæрдæ дæр фæхъæлдзæгдæр.
- Ды? - æнкъардæй бафарста Тæрхъус, - куыд фæтæрсын кæндзæн дæ хуызæн лыстæг бындз Арсы? Хиппæлой ма у!
- Ӕз Арсæй тыхджындæр дæн, - мæстыхуызæй загъта Къогъо, - æз æй фынæй кæнын нæ бауадздзынæн, мастæй йæ йæ хъуырмæ скæндзынæн. Нæ дæ уырны? Райсом æй дæхæдæг фендзынæ!
Ӕмæ Къогъо атахт Арсы фæндагыл.
Уыд тынг тæвд бон. Арс ма фыр тæвдæй йæхи цы фæкодтаид, уый нал зыдта. Йæхи æруагъта иу бæласы аууон. Куыддæр йæ цæстытæ ахгæдта, афтæ йæ хъустыл ауад: "З-з-з!"
- Ӕ, фыдбоны Къогъо! - базыдта йæ Арс æмæ æнхъæлмæ касти, йæ фындзыл кæд абаддзæн, уымæ.
Къогъо фæратæх-батæх кодта Арсы алыварс, стæй, æцæгдæр, йæ фындзыл куы абадид. Куыддæр æй æрцахса, зæгъгæ, афтæ Къогъо стахти, æмæ Арс йæхицæн дзæбæх хафт авæрдта. Къогъо йæ зыдта, цæвынмæ йæ хъавыди, уый.
Куыддæр Арс йæ иу фарсыл æрфæлдæхт, афтæ та айхъуыста: "З-з-з!"
Йæхи фынæйæфсон скодта Арс æмæ æнхъæлмæ кæсы, Къогъо та йыл кæд абаддзæн, уымæ. Фæлæ уалынмæ бæстæ ныссабыр, æмæ афтæ фенхъæлдта, цыма атахт Когъо. Фæлæ уый нæ атахт... Арсæн йæ хъусы бабырыд æмæ йыл тынг фæхæцыд. Арс ныббогъ кодта фыр рыстæй, фæгæпп ласта æмæ цъилау зилын байдыдта. Стæй дын уæд йæ хъусæн уыцы-иу хафт куы ныккæнид. Йæхи цæстытæ цæхæр акалдтой уыцы цæфæй. Афтæмæй Къогъойы амарынмæ хъавыд.
Йæ хъус аныхта æмæ та æрхуыссыд бæласы бын.
Куыддæр йæ цæстытæ æрæхгæдта, афтæ та: «З-з-з! З-з-з!»
Сыстад æмæ йæхицæн æндæр бынат агурынмæ араст. Фæлладæй, йæ ком ивазгæйæ. Къогъо та йæ фæдыл: «З-з-з!»
Фыййауы уадындз
Иу хъӕуы цардысты мӕгуыр, хӕрзмӕгуыр зӕронд лӕг ӕмӕ ус, ӕмӕ сын уыдис фырт Иван. Гыццылӕй фӕстӕмӕ уый тынг бирӕ уарзта уадындзæй цӕгъдын. Афтӕ хорз цагъта, ӕмӕ йӕм иууылдӕр хъусынӕй не 'фсӕстысты. Ӕнкъард зарӕг куы ацӕгъды Иван - иууылдӕр ӕрынкъард вӕййынц, се 'ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ 'рызгъӕлынц. Кафты зарӕг куы ацӕгъды – иууылдӕр кафын райдайынц, сӕхи нал фӕуромынц.
Байрӕзыд Иван ӕмӕ зӕгъы йӕ мад ӕмӕ фыдӕн:
- Ӕз ацӕуон, нана ӕмӕ баба, куыст ссарон. Цас бакусон – иууылдӕр уын æй æрбахӕсдзынӕн.
«Хӕрзбон» загъта ӕмӕ ацыд. Иу хъӕумӕ 'рбацыд - ничи йӕ 'ххуырсы. Иннӕ хъӕумӕ та бацыд - уым дӕр кусджытӕ нӕ хъӕуы. Фӕцӕуы Иван дарддӕр. Цӕуы-цӕуы ӕмӕ иу дард хъӕумӕ 'рбахæццæ. Хӕдзарӕй хæдзармæ рацу-бацу кӕны, фӕрсы:
- Никӕй хъӕуы кусӕг?
Уæд иу хӕдзарӕй рацыд лӕг ӕмӕ дзуры:
- Фыстӕ хизыныл сразы уыдзынӕ?
- Сразы уыдзынӕн, диссаджы хъуыддаг куы нӕу!
- Диссаг нӕу, уый афтӕ у, фӕлӕ мын мæ ныхасмæ байхъус. Мæ фысты мын хорз куы хизай - дыууӕ мызды дын бафиддзынӕн. Фӕлӕ мӕ рӕгъауӕй иу фыс дӕр куы фесафай- ницы райсдзынӕ, ӕнӕ 'хцайӕ дӕ арвитдзынӕн!
- Нӕ фесафдзынӕн, - дзуапп ратта Иван.
- Уӕдӕ кӕс!
Баныхас кодтой, ӕмӕ Иван райдыдта дзуг хизын. Райсомӕй, куы æрбарухс вӕййы, уӕд ацӕуы кӕртӕй, изӕрӕй та ӕрбаздӕхы, хур куы аныгуылы, уӕд. Хизӕнӕй куы æрбацӕйцӕуы, уӕд хицау ӕмӕ йӕ бинойнаг слӕууынц дуары раз, фысты фӕнымайынц:
- Иу, дыууӕ, ӕртӕ… дӕс… дыууын… цыппор… фӕндзай… Фыстӕ иууылдӕр ӕнӕхъӕн сты!
Афтӕ аивгъуыдта мӕй, дыууӕ, ӕртӕ. Тагъд фыййауӕн йӕ мызд дӕттын хъӕудзӕн.
- Ай цы у? - хъуыды кӕны хицау. - Куыд бахъахъхъӕдта фыййау се 'ппӕт фыстӕ? Раздӕры азты-иу алыхатт дӕр фыстӕй фесӕфти: куы сӕ бирӕгъ аргæвды, куы сӕхӕдӕг искуыдӕм адзӕгъӕл вӕййынц, фесӕфынц. Ай хуымӕтӕджы нӕу. Бакӕсын хъӕуы, фыййау хизӕны цы фӕкусы, уымӕ».
Райсомæй раджы, нырма иууылдӕр фынӕй куы кодтой, уӕд хицау райста фысы царм, йӕ хъуынджыны æрдӕм ӕй рафӕлдӕхта, йӕ уӕлӕ йӕ скодта ӕмӕ скъӕтмӕ бабырыд. Фысты æхсӕн йӕ цыппӕртыл ӕрлӕууыд. Лӕууы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фыййау дзуг хизынмӕ кӕд атӕрдзӕн, уымӕ.
Хур куыддӕр скаст, афтӕ Иван сыстад ӕмӕ атардта фысты. Нычъчъыллиппытӕ кодтой фыстӕ ӕмӕ азгъордтой размæ. Хицауӕн дӕр кӕд зын у, уӕддӕр фӕсте нӕ зайы, - дугъ кæны фыстимӕ, уасы:
- Ме-ме-ме! Ме-ме-ме!
Йӕхӕдӕг та хъуыды кӕны:
- Ныр алцыдӕр базондзынӕн, сбӕрӕг кӕндзынӕн!
Æнхъæл уыди, нæ фендзæн æй Иван, зæгъгæ. Иван та уыд цырддзаст, уайтагъд дӕр ӕй федта, ӕрмӕст йӕхи ницы уынӕг скодта - фысты йæ разæй тæры, йӕхӕдӕг сӕ хатгай ехсæй ӕрцӕвы. Йӕ хъавд та уыди раст хицауы рагъмӕ! Ӕрбатардта фысты хъӕды астæу ӕрдузмӕ, ӕрбадт къудзийы бын ӕмӕ дзул ӕууилы.
Фыстӕ хизынц быдыры, хæрынц кӕрдӕг. Иван та сӕм кӕсы. Куы фены, фыстӕй искӕцы хъӕдмӕ алидзынмӕ хъавы, уӕд йӕ уадындзӕй ӕрцӕгъды. Æппӕт фыстӕ дӕр ӕм уӕд ӕрбамбырд вӕййынц. Хицау йӕ цыппӕртыл цӕуы, зæххмæ йӕ сӕр æруадз-ӕруадз кӕнгӕ, цыма кӕрдӕг хæры. Бафӕллӕд, бастад, йӕхи равдисын та йӕм худинаг кӕсы - фыййау сыхӕгтӕн куы радзура, уæд худинаг кӕндзӕн!
Фыстӕ куы бафсӕстысты, уӕд сӕм Иван дзуры:
- Ныр ӕфсӕст стут, разы уæ абоны цардæй, акафын дӕр ӕмбӕлы.
Ӕмӕ 'рцагъта йӕ уадындзӕй кафты цагъд. Фыстӕ райдыдтой гӕппытӕ кӕнын, кафын, сӕ сæфтгуытæй зæхх ӕрхой- ӕрхой кӕнгӕ! Хицау дӕр афтӕ: кӕд ӕфсӕст æмæ разы нæ уыд йæ абоны цардæй, уӕддӕр рагӕпп кодта фысты æхсӕнӕй ӕмӕ бадгӕ кафт кӕны. Кафы, кафы, йӕ къӕхтӕй алыхуызон гӕппытӕ кӕны, йӕ бон йӕхи бауромын нӕу. Иван та тагъддæрӕй-тагъддӕр цӕгъды. Йӕ фӕстӕ фыстӕ ӕмӕ хицау дӕр тагъддӕр кафынц. Бафӕллад хицау. Йӕ хид къоппӕй кӕлы. Ныссырх, йӕ хъуынтӕ схӕмпӕл сты. Хицау йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта:
- О, ӕххуырст, мауал цӕгъд! Мӕ бон нал у!
Иван та йӕ цыма нӕ хъусы, афтæ цӕгъды ӕмӕ цӕгъды! Баурӕдта кӕдӕй-уӕдӕй ӕмӕ дзуры:
- О, хицау! Уый ды дӕ?
- Ӕз…
- Куыд ӕрбафтыдтӕ ардӕм?
- Афтӕ, ӕнӕбары…
- Кӕрц та цӕмӕн скодтай?
- Райсомӕй мӕм уазал фӕкаст.
Йӕхӕдӕг та къудзиты фӕстӕмӕ ацыд. Тыххӕй ӕрхылд сӕхимӕ ӕмӕ дзуры йӕ усмӕ:
- Гъей, нӕ ус, æххуырсты нæ тагъддæр æнæмастæй, дзӕбӕхӕй арвитын хъæуы йæ хæдзармæ, йӕ мызд ын радтын хъӕуы.
- Цӕмӕн? Никӕмӕн лӕвӕрдтам, амӕн та ратдзыстӕм? – æрбамæсты ус.
- Ӕнӕратгӕ нӕй. Афтӕ нӕ фӕхудинаг кӕндзӕн, ӕмӕ адӕммӕ нӕхи равдисынӕн нал бӕздзыстӕм.
Ӕмӕ йын радзырдта, фыййау ӕй куыд фӕкафын кодта, мӕлыны онг ӕй кӕй скодта. Байхъуыста йӕм æфсин фæлæ афтӕ зӕгъы:
- Ӕцӕг ӕдылы дӕ ды! Куыд дӕ фӕкафын кодта? Мӕн нӕ акафын кӕндзӕн! Куыддӕр ӕрбацӕуа, афтæ йын ацӕгъдын кӕндзынӕн. Фендзынӕ, цы уыдзӕн.
Хицау йӕ усӕй курын райдыдта:
- Кӕд ахӕм хъуыддаг сфӕнд кодтай, уӕд мӕ сбадын кӕн чырыны ӕмӕ йӕ цары хъайваныл бабӕтт, цӕмӕй ӕз дӕр демӕ ма ракафон… Фаг у мӕнӕн! Райсомӕй фӕкафыдтӕн, ӕрдӕгмардӕй цӕуын.
Ӕфсин афтӕ бакодта. Сбадын кодта йӕ лӕджы стыр чырыны ӕмӕ йӕ цары хъайванмӕ бабаста. Йӕхӕдӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, кӕд ӕрбаздӕхдзӕн ӕххуырст быдырӕй.
Изӕрӕй, куыддӕр Иван дзуг ӕрбатардта, афтӕ йӕ ӕфсин фӕрсы:
- Ӕцӕг дӕм ис ахӕм уадындз, кӕцымӕ æппӕт дӕр фӕкафынц.
- Ӕцӕг.
- Ацӕгъд- ма, уӕдӕ! Кӕд акафон - ратдзыстӕм дын мызд, куы нӕ акафон - атӕрдзыстӕм дӕ уӕд.
- Хорз, - загъта Иван, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд. Систа йӕ уадындз ӕмӕ райдыдта кафты зарӕг цӕгъдын. Уыцы рӕстӕг ӕфсин архайдта йæ хыссӕимӕ. Нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ кафын райдыдта. Кафы, йӕхӕдӕг хыссӕ иу къухӕй иннӕмӕ 'ппары.
Иван та тагъддæрӕй-тагъддӕр, хъӕрдæрӕй-хъӕрдӕр цӕгъды.
Ӕфсин дæр тагъддæрӕй-тагъддӕр кафы. Уадындзы цӕгъдын хицау дӕр цармӕ фехъуыста. Райдыдта йӕ чырыны къӕхтӕй-къухтӕй змӕлын, кафын. Къуындӕг ын у уым - йӕ сӕр ыл хойы. Архайдта, архайдта, ӕмӕ æд чырын феуӕгъд ис хъайванӕй. Ратыдта йӕ, рагӕпп кодта чырынӕй ӕмӕ цары бадгӕ кафт кӕны! Царӕй ратылд, хӕдзармӕ æрхауд. Ӕмӕ уым райдыдта йӕ усимӕ кафын, йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ тилгӕйӕ.
Иван та рацыд кæртмӕ, ӕрбадт асинтыл, цӕгъды, не 'нцайы. Хицау ӕмӕ ’фсин йӕ фӕстӕ дуармӕ рагӕпп кодтой, кафынц кæрты.
Бафӕлладысты дыууӕйӕ дӕр, тыххӕй улӕфынц, сӕ бон бауромын нӕу. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, кӕрчытӕ, фыстӕ, хъомтӕ, куыдз райдыдтой кафын.
Афтӕ Иван сыстад ӕмӕ кæртæй цӕгъдгӕ фӕцӕуы кулдуары ’рдӕм. Йӕ фӕстӕ ныххӕррӕтт кодтой иууылдӕр.
Уыны æфсин, хъуыддаг ӕвзӕр кæй у. Куры Иванӕй:
- О, ӕххуырст, бауром, мауал цӕгъд! Ма ахиз кӕртӕй!
Ма нӕ худинаг кӕн адӕмы раз!
Ӕнӕсайдӕй дын дӕ мызд ратдзыстӕм! Куыд баныхас кодтам, афтӕ!
- Нӕ! - зæгъы Иван. Хорз адӕм уӕ феной, ахудой уыл!
Ахызти кулдуарӕй ӕмӕ ноджы хъӕрдӕрæй ӕрцагъта. Хицау йе 'фсинимӕ, хъомтӕ, фыстӕ, кӕрчытӕ тагъддӕр кафын райдыдтой. Зилынц, кафынц, гӕппытæ кӕнынц!
Ӕгас хъӕу ӕрбамбырд сты: гыццылӕй-стырæй худынц, ӕнгуылдзӕй сæм амонынц…
Суанг изӕрмӕ цагъта Иван. Райсомӕй райста йӕ мызд ӕмӕ ацыд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдмӕ. Хицау ӕмӕ йе 'фсин та бамбӕхстысты хӕдзары. Бадынц ӕмӕ адӕммӕ ракӕсын нал уӕндынц.
Урс бабыз
Иу паддзах ракуырдта рӕсугъд ӕхсины, нӕ бафсӕст йӕ уындӕй, йемӕ ныхас кӕнынӕй, йӕ ныхӕстӕм хъусынӕй, афтӕмӕй сӕ бахъуыд фӕхицӕн кӕнын, бахъуыди йӕ дард фӕндагыл ацӕуын, йӕ бинойнаджы ныууадзын. Цы гӕнӕн ис! Афтӕ фӕзӕгъынц, ӕнус иумӕ хъӕбыс-хъӕбыс фӕцӕрӕн нӕй.
Бирӕ фӕкуыдта ӕхсин, паддзах та йын фӕдзӕхста, цӕмӕй ма рацӕуа йӕ бӕрзонд галуанӕй, макӕимӕ ныхас кӕна, ӕвзӕр адӕмимӕ ма ӕмбӕла, мӕнг ныхӕстӕм ма хъуса. Ӕхсин ын зӕрдӕ бавӕрдта, алцы дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.
Паддзах ацыди, ӕхсин та йӕхиуыл йӕ галуаны дуар сӕхгӕдта ӕмӕ ӕддӕмӕ нал хызт.
Рацыдаид иу цасдар рӕстӕг, афтӕ йӕм ӕрбацыд сылгоймаг, зындис хуымӕтӕг, зӕрдӕхӕлар.
- Цы ӕнкъард кӕныс? - дзуры сылгоймаг. Хуры рухсмӕ уӕддӕр акӕс, дыргъдоны уӕд та атезгъо кӕн, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы сагъӕс-ӕрхӕндӕг фӕлидза.
Бирӕ рӕстӕг нӕ разы кодта ӕхсин, нӕ йӕ фӕндыд, фӕлӕ ӕппын фӕстӕг ахъуыды кодта, цас диссаг у дыргъдоны атезгъо кӕнын, зæгъгæ, ӕмӕ ацыд.
Дыргъдоны калди цӕстысыджы хуызӕн суадон.
- Диссаджы ӕнтӕф бон у, хур судзы, дон та уазал уылӕнтӕ калы. Уӕд та нӕхи ныннаиккам? - зӕгъы сылгоймаг.
- Нӕ, нӕ мӕ фӕнды! – сдзырдта æхсин, стӕй ахъуыды кодта: цас диссаг у хи анайын!
Феппӕрста йӕ къаба ӕмӕ донмæ ныггӕпп кодта. Куыддӕр доны йӕхи атъыста, афтӕ йын сылгоймаг (уый та уыдис къулбадæг ус) йӕ фӕсонтӕ йын ныццавта:
- Ленк кӕн ныр, урс бабыз фест, афтӕмӕй.
Къулбадӕг ус та йын уыцы рӕстӕг акодта йӕ къаба, йӕхи адзӕбӕхтӕ кодта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кæсы паддзахы ӕрцыдмӕ.
Уалынмӕ къӕбыла срӕйдта, дзӕнгӕрӕг ныццагъта, æмæ мæнæ паддзах æрбацæуы! Йæ усы размæ батахт æмæ йын пъатæ, хъæбыстæ кæны. Къулбадæг дæр ыл бацин кодта, йӕ къухтӕ йӕм бадаргъ кодта, паддзах æй уæддæр нӕ раиртӕста.
Урс бабыз та ӕрыфтыдта ӕйчытӕ, рауагъта лӕппынтӕ: дыууӕ хорзы ӕмӕ иу ницӕййаг. Лӕппынтӕ рауадысты нӕлтӕ.
Схъомыл сӕ кодта. Доны ленк кӕнын райдыдтой, кӕсаг ахстой, кӕрдӕджы халтӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтой, былгӕронмӕ-иу гӕппытӕ кодтой.
- Ох, ма цӕут уырдӕм, хъӕбултӕ! – дзырдта сæм сæ мад.
Лӕппынтӕ йӕм нӕ хъуыстой, абон кӕрдӕгыл ахъазыдысты, райсом дарддæр ацыдысты, афтӕ дарддӕр, дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты паддзахы кӕртмӕ.
Къулбадӕг ус сӕ базыдта ӕмӕ сӕм йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд. Фӕсидтис лӕппынтӕм, бахӕрын-баназын сын кодта, схуыссын сӕ кодта. Йӕхӕдӕг та ӕртытӕ скӕнын кодта, агтӕ ӕрцӕттӕ кодта, кӕрдтӕ сцыргъ кодта.
Дыууӕ ’фсымӕры схуыссыдысты ӕмӕ бафынӕй сты. Ницӕйаг ӕфсымӕры, цӕмӕй ма фӕрынчын уа, уый тыххӕй сын сæ мад хӕссын кодта се ’фцӕгготы. Ӕмӕ уый та нӕ бафынӕй, алцыдӕр хъусы, уыны.
Къулбадӕг ус ӕхсӕвы дуары размӕ бацыд ӕмӕ фӕрсы:
- Фынӕй кӕнут, лӕппынтӕ ӕви нӕ?
Ницӕййаг дзуры:
- Мах фынӕй стӕм-не стӕм, æмбарӕм, ӕргӕвдынмӕ нӕ кӕй хъавынц, мыртгӕйы къӕцӕлтӕй ӕртытӕ кӕй кӕнынц, агты дон кӕй фыцынц, ӕхсаргӕрдтӕ кӕй цыргъ кӕнынц!
- Фынӕй не сты!
Ацыди къулбадæг ус, арауай-бауай кодта ӕмӕ та фӕстӕмӕ дуары размӕ ӕрбауад.
- Фынӕй кӕнут, лӕппынтӕ ӕви нӕ?
Ницӕйаг та дзуры:
- Мах фынӕй стӕм-не стӕм, æмбарӕм, ӕргӕвдынмӕ нӕ кӕй хъавынц, мыртгӕйы къӕцӕлтӕй ӕртытӕ кӕй кӕнынц, агты дон кӕй фыцынц, ӕхсаргӕрдтӕ кӕй цыргъ кӕнынц!
«Ай цы хабар у, уыцы иу хъӕлӕс куы дзуры!» - ахъуыды кодта къулбадӕг ус, сабыргай дуар байгом кодта, кӕсы: дыууӕ ’фсымӕры тарф фынӕй кӕнынц. Уыцы рӕстӕг сыл йӕ мӕрдон къух ӕрхафта – амардысты æфсымæртæ.
Райсомӕй урс бабыз фæдæырдта йӕ лӕппынтӕм, уыдон та нӕ цыдысты. Бамбӕрста йӕ йӕ зӕрдӕ, фӕтарсти ӕмӕ атахти паддзахы кӕртмӕ.
Паддзахы кӕрты, цикъӕйау фӕлурсӕй, ихӕй, фӕрсӕй-фӕрстӕм хуыссыдысты йæ лæппынтæ.
Батахтис сӕм, йӕхи сыл баппӕрста, йӕ базырты бын сӕ бакодта ӕмӕ мады хъӕлӕсӕй бахъарӕг кодта:
-Хъру, хъру, мӕ лӕппынтӕ!
Хъру, хъру, мӕ бӕлӕттӕ!
Ӕз уӕ мӕгуырӕй хъомыл кодтон,
Цӕссыгӕй уын уӕ дойны састон,
Тар ӕхсӕв нӕ хуыссыдтӕн,
Адджын мур нӕ хордтон!
- Нӕ ус, хъусыс ӕнӕрцӕугӕ диссаг? Бабыз хъарӕг кӕны!
- Уый дӕ хъустыл уайы! Атӕрын кӕн бабызы кӕртӕй!
Атӕрынц ӕй, ӕмӕ та ногӕй ӕрбатӕхы йӕ лӕппынтӕм:
-Хъру, хъру, мӕ лӕппынтӕ!
Хъру, хъру, мӕ бӕлӕттӕ!
Фесӕфта уӕ зӕронд къулбадӕг ус,
Бынтыдзӕугӕ залиаг калм.
Байста уын уӕ фыды,
Уӕ фыды - мӕ мойы,
Фӕдӕлдон нӕ кодта,
Урс бабызтӕ нӕ фестын кодта,
Йӕхӕдӕг та бухъ цард кӕны!
- Уый дын гъе! - ахъуыды кодта паддзах ӕмӕ ныхъхъӕр кодта:
- Ӕрцахсут мын урс бабызы!
Иууылдӕр фӕлӕбурдтой бабызы ахсынмӕ, фӕлӕ никӕмӕн комы. Рацыдис паддзах йӕхӕдӕг, ӕмӕ бабыз йӕ тӕккӕ къухтӕм бахауд.
Паддзах æй райста йӕ базырӕй ӕмӕ дзуры:
- Урс бӕрз, фест мӕ фӕстӕ, рӕсугъд чызг та - мӕ разы!
Урс бӕрз сырӕзыд йӕ фӕстӕ, йӕ разы та рӕсугъд чызг фестад. Ӕмӕ уыцы рӕсугъд чызджы та паддзах базыдта йе ´рыгон ӕхсины.
Уайтагъд рацахстой гӕркъӕраджы, дыууӕ лалымы йыл бабастой, иуы дзы ныккодтой ӕгасгӕнӕг дон, иннӕйы - дзурынгӕнӕг дон. Гӕркъӕраг атахт, ӕрбахаста дон. Бакалдтой лӕппынтыл ӕгасгӕнӕг донӕй, ӕмӕ базмӕлыдысты, бакалдтой сыл дзурынгӕнӕг донӕй, ӕмӕ сдзырдтой!
Афтӕмӕй паддзах ӕххӕст бинонтӕджын сси, цӕрынтӕ байдыдтой, хорздзинад амал кӕнгӕйӕ, ӕвзӕр рох кӕнгӕйӕ. Къулбадӕг усы та бабастой бӕхы къӕдзилмӕ ӕмӕ йӕ быдырты фӕнык фестын кодтой: йӕ къах кӕм атыдта, уым фестад цӕхӕрхафӕн, къух - уым та халамӕрзӕн, йӕ сӕр - уым та къудзи. Ӕрбатахтысты цъиутӕ - йӕ фыд ын бахордтой, йе стджытӕ та йын дымгӕ ахаста, афтӕмӕй йӕ фӕд, йӕ кой дӕр нал баззад!
Сау чызг
Цардис æмæ уыдис хъæздыг лæг; йæ ус уыдис фæлмæнзæрдæ, чызг та - рæсугъд, хуыдтой йæ Машæ. Æрмæст йæ ус амард æмæ æрхаста ног ус, идæдз. Усæн йæхицæн уыдис дыууæ чызджы, тынг фыдзæрдæ æмæ æдзæстуарзон! Мæгуыр Машæйы кусын кодтой сæхи бæсты дæр, куыст ын-иу куы нæ уыдис, уæд та йын пецæй фæнык хафын кодтой; уый тыххæй-иу чызг æдзух уыдис чъизи æмæ сау, æмæ йæ схуыдтой Сау чызг.
Иуахæмы адæм дзурын райдыдтой, паддзах ус курын фæнд кæны, зæгъгæ, æмæ йæм стыр бæрæгбон кæй уыдзæн, уыцы бæрæгбоны та йæхицæн усаг кæй равзардзæнис.
Хъуыддаг æцæг афтæ рауадис. Паддзах фæхуыдта уазджыты. Фыдыус æмæ йæ чызджытæ дæр сæхи цæттæ кæнын райдыдтой, фæлæ сæ Машæйы та нæ фæнды семæ акæнын; бæргæ сæ куырдта, фæлæ уыдон не сразы сты.
Фыдыус йæ чызджытимæ ацыдис паддзахы бæрæгбнмæ, Сау чызгæн та ныууагътой æнæхъæн мæрт хъæбæрхор æмæ ссад фæныкимæ змæстæй æмæ йын загътой, се ’рбацыдмæ сæ гагагай æмæ мургай куыд равзара.
Машæ къæсæрмæ рахызт æмæ ныккуыдта. Уæд æртахтысты дыууæ бæлоны æмæ йын йæ хъæбæрхор, ссад æмæ фæнык равзæрстой, стæй йын йæ уæхсчытыл æрбадтысты, æмæ æвиппайды чызгыл диссаджы ног къаба февзæрдис.
- Ацу бæрæгбонмæ, - дзурынц бæлæттæ, - æрмæст дзы æмбисæхсæвæй фылдæр ма баззай.
Куыддæр Машæ галуанмæ бахызт, афтæ йæм иууылдæр кæсыныл фесты, æппæтæй тынгдæр та паддзахы зæрдæмæ фæцыд, фыдыус æмæ йæ чызджытæ та йæ æппындæр нæ базыдтой.
Машæ иннæ чызджытимæ атезгъо кодта, йæхи аирхæфста, стæй уыны, тагъд æмбисæхсæв кæй уыдзæн, йæ зæрдыл æрбалæууыд бæлæтты ныхас, æмæ атагъд кодта сæхимæ. Паддзах йæ фæстæ ауад, фæндыди йæ базонын, чи у, уый, фæлæ чызгæн йæ фæд æрбайсæфт!
Иннæ бон дæр та паддзахмæ уыд бæрæгбон. Фыдыусы чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц, Машæйыл та хъæртæ кæнынц:
- Уæртæ Сау чызг! Скæн нын нæ дзаумæттæ, асыгъдæг нын сæ кæн, сихор ацæттæ кæн!
Машæ сцæттæ кодта алцыдæр. Изæрæй ногæй йæхи аирхæфста паддзахы бæрæгбоны æмæ æмбисæхсæвмæ сæхимæ ацыд. Йæ фæстæ та паддзах бæргæ ратахт, фæлæ йæ нæ аййæфта.
Æртыккаг бон дæр та паддзахмæ стыр бæрæгбон! Изæрæй бæлæттæ ноджы рæсугъддæр дзаумæтты сфæлыстой Машæйы. Ацыдис галуанмæ, ирхæфсы йæхи, хъæлдзæг кæны, æмæ дзы айрох ис рæстæг. Уайтагъд æмбисæхсæв æрбалæууыд. Машæ сæхимæ цæуæг фæцис. Паддзах та асинтæ рагацау писи æмæ чъиуæй байсæрдын кодта. Чызгæн йæ иу дзабыр баныхæст писийыл æмæ баззад асинтыл. Паддзах æй райста æмæ иннæ бон йæ фæсдзæуинтæн бардзырд радта, цæмæй ссарой, дзабыр кæй у, уый.
Æнæхъæн сахарыл æрзылдысты - никæмæн сбæззыд дзабыр, æппынфæстаг, æрбацыдысты фыдыусмæ. Райста дзабыр æмæ йæ хистæр чызгыл бары – нæ, нæ йын бæззы. Фыдыус астæуккаг чызгыл бары дзабыр – уымæн дæр афтæ. Æрвыст лæгтæ ауыдтой Машæйы æмæ уымæн дæр абарын кодтой дзабыр – куыддæр æй акодта, афтæ йæ уæлæ диссаджы рæсугъд, æрттиваг къаба фестадис. Фыдыусы чызджытæ дисы бацыдысты!
Машæйы æрбахуыдтой паддзахы галуанмæ æмæ иннæ бон чындзæхсæв скодтой.
Чындзæхсæв уыдис хъæлдзæг, æз дæр дзы уыдтæн, мыд æмæ бæгæны нуæзтон, рихитыл тагъд, дзыхмæ нæ калд.
Хинæйдзаг сæгъ
Цардысты иу зæронд лæг æмæ ус. Цот сын нæ уыд, уыдис сæм æрмæст иунæг сæгъ. Уыцы сæгъ фыр буцæй æртæ азы пецы фæстæ цард. Уæд иу бон уырдыгæй агæпп кодта, фæтæхы быдырты, фæндаджы былтыл, æмæ йæ размæ бирæгъ фæцис.
- Бирæгъ, мыййаг, ам дыууæ бирæгъы нæ федтай, дыууæ ’фсымæры?
- Цæмæн дæ хъæуынц?
- Ахыл кæнынмæ, хъæбысæй ахæцынмæ, атох кæнынмæ.
- Федтон дыууæ, цъымарайы фале!
Сæгъ та дарддæр фæтæхы фæндагыл, æмæ та ногæй йæ размæ бирæгъ фæцис.
Фæтарсти сæгъ, фондз метры хъæдмæ балыгъд æмæ фæрсы:
- Дыууæ бирæгъы нæ федтай - дыууæ ’фсымæры?
- Цæмæн дæ хъæуынц?
- Ахыл кæнынмæ, хъæбысæй ахæцынмæ, атох кæнынмæ.
- Гъа-ма, уæдæ, мемæ ахæц!
Сæгъ ын афтæ зæгъы:
- Омæ, хорз! Фæлæ æз сыкъатæй хæцын – фæйнæрдæм нæ фæцæуын хъæуы!
Бирæгъ сразы ис. Сæгъ адугъ кодта æмæ афардæг сæхимæ.
Бирæгъ та ма йæм абон дæр хъæды æнхъæлмæ кæсы.
Аргъæуттæ
Аргъæуттæ
(ирон æвзагмæ тæлмац)
Куыстытæ æвдыст æрцыдысты конкурсмæ «Фыссæм иронау»
Ратæлмац сæ кодтой:
Годзойты Алан
Томайты Батраз
Тегетаты Георгий
Суанты Дианæ
Бибайты Дзерассæ
Разамонджытæ:
Рæмонты С. Г.
Дзагуырты Б. Б.
Æлборты З. Х.
Нывгæнæг: Дзагуырты Б. Б.
Йæ зæрдиаг æххуысы тыххæй арфæ кæнæм Хетæгкаты Къостайы номыл
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты педагогон факультеты
райдайæн национ ахуырады кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Хæллаты Азæйæн
Дзæуджыхъæу,
2020 аз