Урочы темæ: «Растзæрдæ»
Грамматикон темæ: «Миногон»
Урочы нысантæ:
1. Проблемон уавæртæ аразгæйæ, скъоладзауты хибарæй архайын кæнын; миногоны æмбарынадимæ базонгæ кæнын.
2. Æфтауын хъуыды кæнынл, хибарæй кусыныл, хи хъуыдытæ æргом кæныныл.
3. Гуырын кæнын царды фæзминаг уæвынмæ, раст хъуыддæгтæ кæнынмæ тырнындзинад.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Урочы архайынмæ цæттæ кæныныл куыст (мотивацион уавæр).
Ахуыргæнæг: Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн уын аххуыс уыдзæн нæ дзырдбыд. Баххæст æй кæнæм, цымæ дзы цавæр дзырд æмбæхст ис?
Дзырдбыд - фæйнæгыл
| | р | æстдзинад |
| д | а | вд |
| | с | айд |
| | т | æригъæд |
| уар | з | т |
| к | æ | рæф |
| æ | р | гом |
| рæ | д | ау |
| | æ | ххуыс |
| | |
Ахуыргæнæг: Куыд бамбæрстат нæ урочы темæ? Цæуыл дзурдзыстæм?
«Растзæрдæ уæвынæй хуыздæр ницы ис».
- Цавæр адæймагæй фæзæгъынц, растзæрдæ у, зæгъгæ?
-Ныффыссут-ма уæ тетрæдты дзырдбаст растзæрдæ адæймаг.
- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц ацы дыууæ дзырды?
- Цы нысан кæны дзырд растзæрдæ? (Предметы æууæл, йæ миниуæг)
Ахуыргæнæг: Базонут, цавæр ныхасы хайы кой цæуы ацы æмдзæвгæйы.
Йе ’ууæл номдарæн æвдисын,
Уый цæмæй зына æргом.
Бирæ хæстæ химæ исын,
Базон-ма, куыд у мæном. (Гаппуаты Хъасболат)
(Дзуапп: Миногоны)
II. Ног æрмæгыл куыст.
Ахуыргæнæг: Диссаджы ныхасы хай у миногон, алæмæттаг. Абон уый уæхæдæг дæр бамбардзыстут.
Ахуыргæнæг: Урочы кæрон хъуамæ баххæст кæнæм ацы хъуыды.
(Фæйнæгыл – слайд)
- Цы нын радзурид йæхи тыххæй миногон?
- Æз дæн … ныхасы хай.
- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн …
- Æз нысан кæнын …
- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын … .
- Хъуыдыйады вæййын …, … .
- Адæм мæ арæх пайда кæнынц сæ ныхасы, уымæн æмæ мæ фæрцы …
Ахуыргæнæг: Нæ дзырдбыды ис «æвзæр» дзырдтæ дæр. Ссарут сæ (давд, сайд, кæрæф).
Ацы дзырдтæ сты, адæймаджы æвзæр миниуджытæ бæрæггæнæг. Хайджын сæ чи вæййы, уыдоны куыд фæхонæм? (даваг, сайаг, æнæфсис).
Æз сæ ныртæккæ фехалдзынæн, цæмæй сын уæ зæрдæты бынат ма уа, ма сæ уат хайджын.
Уæ разы сау гæххæттытæй конд зæрдæты нывтæ. Ныффыссут ацы дзырдтæ уыцы гæххæттыты.
Аскъуынут уыцы сау зæрдæтæ, цы ’взæр дзырдтæ сыл фыст ис, уыдон хъуамæ нæ зæрдæты ма уой.
Æмбисæндтыл куыст.
Ахуыргæнæг: Нæ дзырдбыды дзырдтæ ист сты ирон æмбисæндтæй.
Æмбисæндтæ хъæугæ дзырдтæй баххæст кæнут.
Кæцы дзырд кæм сфидаудзæн?
(æргом, рæдау, уарзт, æххуыс)
Райгуырæн бæстæ хъулон … кæнын хъæуы.
… ныхасы къæм нæй.
… лæг дзæнæтмæ цæуы.
… бахъуаджы рæстæг хъæуы.
Ахуыргæнæг: Куыд æмбарут æмбисæндтæ? (Амонынц сæ хъуыды).
Ацы дзырдтæ уæ царды бахъæудзысты, ныффыссут сæ, уæ разы цы урс гæххæттæй конд зæрдæтæ ис, уыдоныл (æргом, рæдау, уарзт, æххуыс)
Фарст: Дзырдтæй миногонтæ кæцытæ сты?
Ахуыргæнæг: Нæ урочы темæ раргом кæнынæн нын аххуыс уыдзæн Лев Толстойы радзырдтæй иу. Бакæсæм æй.
Мæгуыр лæг æмæ Донбеттыр.
Иу лæгæн йæ хорз фæрæт доны ныххауд. Бады доны был æмæ кæуы, хъыг кæны йæ диссаджы фæрæты сæфтыл, йæ хæдзар дарæгыл.
Донбеттыр æй фехъуыста, фæтæригъæд ын кодта, доны бынæй йын сыгъзæрин фæрæт систа æмæ йæм дзуры:
- Ай дæ фæрæт у?
- Нæ, уый мæ фæрæт нæу, - загъта лæг.
Донбеттыр æм доны бынæй æвзист фæрæт рахаста. Лæг та йæм дзуры:
- Уый дæр мæ фæрæт нæу.
Уæд Донбеттыр лæгæн йæхи фæрæт рахаста.
- Ай мæ фæрæт у! - бацин кодта мæгуыр лæг.
Донбеттыр мæгуыр лæгæн йæ рæстдзинады тыххæй æртæ фæрæты дæр балæвар кодта.
Лæг сæхимæ æрбацыд æмæ адæмæн хабар радзырдта.
Сыхаг лæг æм фæхъуыста стæй доны былмæ азгъордта æмæ барæй йæ фæрæт доны ныппæрста. Бады доны был æмæ кæуы.
Донбеттыр æм сыгъзæрин фæрæт рахаста, фæрсы йæ:
- Ай дæ фæрæт у?
- Мæн у, мæн! – ныхъхъæр кодта лæг.
Кæй асайдта, уый тыххæй йын Донбеттыр нæдæр сыгъзæрин фæрæт радта, нæдæр ын йæхи фæрæт доны бынæй систа.
Беседæ:
- Текст уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
- Цæмæн афтæ тынг бацин кодта мæгуыр лæг йæхи фæрæтыл?
- Цæмæн хоны автор мæгуыр лæджы фæрæт «хæдзар дарæг»?
(Фæрæт кусæн гарз у, уый фæрцы мæгуыр лæг йæ бинонты дардта)
- Цавæр зæрдæты хицæуттæ сты радзырды архайджытæ?
-Цæмæй йæ базыдтат? Цæй фæрцы раргом сты сæ зæрдæтæ?
(Сæ архайдæй, сæ ныхæстæй, сæ хъуыдытæй)
- Цавæр хъуамæ уой нæ ныхæстæ, нæ хъуыдытæ, нæ архæйдтытæ, цæмæй нæ зæрдæтæ сыгъдæгæй баззайой?
Ахуыргæнæг: Æмбисæндтæй кæцы æвдисы тексты сæйраг хъуыды?
(Фæйнæгыл – слайд)
1) Раст лæг йæ рæстдзинадæн сæфынæй нæ тæрсы.
2) Нæртон лæг сайын йæ сæрмæ нæ хæссы.
3) Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы.
(Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы).
Хæс: Тексты ссарын миногонтæ. Рафыссын сæ, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ.
Дзуапп: Мæгуыр лæг, хорз фæрæт, диссаджы фæрæт, сыгъзæрин фæрæт, æвзист фæрæт, сыхаг лæг.
Ахуыргæнæг: Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц миногонтæ?
Цы дзырдтимæ баст сты, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты?
Скæнут хатдзæг миногоны тыххæй (Хибарæй хатдзæг кæнынц).
Къордты куыст:
1-аг хæс (проблемон уавæр)
1-аг къордæн: Миногонтæ бакæсын. Ссарын адæймаджы фæзминаг миниуджытыл дзурæг æмбисæндтæ. Миногон цы æмбисонды ис, уый фæбæрæг кæнын.
Раст лæгæн сæфæн нæй.
Гæдыйы къах цыбыр у.
Загъдкъахæгæн – над. (Къоста)
Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.
Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.
Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.
Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.
Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.
2-аг къордæн: Ссарын адæймаджы фауинаг миниуджытæ кæм ис, ахæм æмбисæндтæ. Миногонтæ цы æмбисæндты ис, уыдон фæбæрæг кæнын.
Раст лæгæн сæфæн нæй.
Гæдыйы къах цыбыр у.
Загъдкъахæгæн – над. (Къоста)
Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.
Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.
Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.
Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.
Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.
2-аг хæс (проблемон уавæр). Миногонтæй равзарын, адæймаджы миниуджытæн аргъ чи кæны, ахæмтæ. Иуимæ дзы хъуыдыйад саразын. Синтаксисон æвзæрст æй ракæнын.
1-аг къордæн:
Рæсугъд адæймаг
Рæсугъд ныхæстæ
Сыгъзæрин къухдарæн
Сыгъзæрин къухтæ
2-аг къордæн:
Сау мигътæ
Сау зæрдæ
Фæлмæн баз
Фæлмæн ныхæстæ
Хæс: Хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын. Миногон хъуыдыйады цавæр уæнг вæййы, уый тыххæй хатдзæг скæнын.
Фæлмæн ныхæстæ адæймаджы зæрдæмæ тынгдæр хъарынц.
3-аг хæс (проблемон уавæр): Адæймагæн йæ архæйдтытæм гæсгæ характеристикæ раттын.
(Къордтæ кусынц хибарæй. Уый фæстæ сæм байхъусын).
1. Йæ ныхас не ’ххæст кæны, арæх йæ дзырд фæсайы. Ахæм адæймаджы хонынц … (сайаг, мæнгард, фæлывд адæймаг).
2. Алы куыст дæр зæрдиагæй кæронмæ хæццæ кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (куыстуарзаг, бæлвырд адæймаг)
3. Исты йæм куы вæййы, уæд дзы алкæмæн дæр бахай кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (хæларзæрдæ, рæдау)
4. Никæмæн ницы дæтты, куы йæм уа, уæддæр «нæй, нæй» кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (чъынды)
5. Скъоламæ æрæджытæ кæны, хæдзармæ куыст не ’ххæст кæны, урочы ныхас кæны, ахуыргæнæгмæ нæ хъусы. Ахæм скъоладзау у … (æнæгъдау, æнæуаг)
6. Хистæрты коммæ нæ кæсы, йæ мадмæ фæстæмæ дзуры. Æмæ йæ хонынц … (æгоммæгæс, æнæгъдау).
7. Скъоладзау йæ урок куы зона, афтæмæй йæ къух сдарын куы нæ уæнда, уæд æй куыд схонæн ис? (нæуæндаг, æфсæрмыгæнаг)
8. Исты йын сусæгæй куы радзурай, уæд æй уайтагъд иннæтæн адзуры. Уый та у … (дзæгъæлдзых).
Ахуыргæнæг: Цы дзырдтæ бафыстат, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты? Цавæр фарстæн дзуапп дæттынц?
(Хибарæй хатдзæг скæнын)
Хæс: Бакæсын диалогтæ (Кæсынц цæсгæмттæм гæсгæ).
1-аг къорд:
Аслан: Инал, дæ кърандас ма мæм авæр.
Инал: Дæхион æрбахастаис, мæ кърандас мæхи хъæуы.
Аслан: Инал, аххуыс ма мын кæн мæ чингуытæ хæссынæн.
Инал: Дæхи чингуытæ сты, æмæ сæ дæхæдæг ахæсс.
2-аг къорд:
Зæлинæ: Кæринæ, цом-ма мемæ дуканимæ. Абон нанайы гурæнбон у, æмæ мæ цыдæртæ алхæнын хъæуы.
Кæринæ: Ма тыхс. Æз дын аххуыс кæндзынæн. Дæ нанайы æз дæр бирæ уарзын. Хъуамæ йæ абон иумæ сбуц кæнæм.
Ахуыргæнæг: Кæй равзариккат æмбалæн? Цæмæн?
Цавæр хорз миниуджытæ ис Кæринæмæ? (Байхъусын сывæллæтты дзуæппытæм).
Хæс: Текст миногонтæй баххæст кæнын.
Арæх адæймаджы йæ удыхъæды миниуджытæм гæсгæ абарынц цавæрдæр цæрæгоимæ.
Кæд искæй арс рахуыдтой, уæд уый зон, æмæ у … ( гуымиры, æнæгъдау). Кæд искæй тæрхъусыл банымадтой, уæд уый та у … (тæппуд). Рувасы ном кæуыл сæвæрынц, уый та вæййы …(хинæйдзаг) адæймаг.
Бирæгъы ном сфидаудзæн …(зыд) æмæ …(кæрæф) адæймагыл.
Куыдзы ном сфидаудзæн …(чъынды) адæймагыл. Гæды та – …(сайаг) æмæ … (хиуарзоныл).
Ахуыргæнæг: Иучысыл нæ фæллад суадзæм. (Релаксация).
Базон-базон, уый та циу?
Дæлдзæхæй нæ сырх гал йе ’взæгтæ суагъта. (Цæхæра)
Нæ гыццыл къæбиц æнæ дуар. (Айк)
Нæ чысыл скъæты – урс уæрыччытæ. (Дæндæгтæ)
Сыгъзæрин ацæуы, æмæ æвзист æрбацæуы. (Хур æмæ мæй)
Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн; урс дæн, æмæ цыхт нæ дæн;, къæдзил мын ис, æмæ мыст нæ дæн. (Булкъ)
Йæхæдæг – сырх, адджын, йæ хæдон – цъæх, хъæдабæйы хуызæн. (Харбыз)
Лæдзæгыл сызгъæрин тæбæгъ æрзад. (Æхсынæн)
Ахуыргæнæг: Цæй фæрцы базыдтат предметты нæмттæ?
(Сæ миниуджытæм гæсгæ, ома миногонты фæрцы)
Ахуыргæнæг: Цæмæн нæ хъæуынц миногонтæ, цæмæн сæ фæпайда кæнæм нæ ныхасы?
Дзуапп: Нæ ныхас кæнынц мидисджыдæр, аивдæр, бæлвырддæр, хъæздыгдæр.
Миногонты фæрцы радзурæн ис адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты тыххæй.
Урочы хатдзæгтæ.
1. Ахуыргæнæг: Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнæм.
(Фæйнæгыл – слайд)
- Цы нын радзурид йæхи тыххæй миногон?
- Æз дæн сæрмагонд ныхасы хай.
- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн цавæр? цыхуызæн?
- Æз нысан кæнын предметы миниуæг.
- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын номдаримæ.
- Хъуыдыйады вæййын бæрæггæнæн.
- Адæм мæ арæх пайда кæнынц сæ ныхасы, уымæн æмæ мæ фæрцы сæ ныхас кæны хъæздыгдæр, …
2. Ахуыргæнæг: Ацы урочы уæ ногæй чи цы базыдта? Цы пайда уын фæцис урок? (Рефлексия). Уæ зонындзинæдтæн, урочы куыд архайдтат, уымæн аргъ скæнут ирон æмбисæндты æххуысæй.
- Чи уæ куыд архайдта урочы, уымæ гæсгæ равзарут æмбисæндтæ. Йæхимæ гæсгæ уæ тынг хорз чи бакуыста, уый равзарæд ахæм æмбисонд: Цы куыстмæ бавналон, æмæ цы нæ сараздзынæн!
- Йæхимæ гæсгæ, йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, миногоны тыххæй æппæт æрмæг нæ бамбæрста, афтæ чи хъуыды кæны, уый та райсæд æмбисонд «Кæнинаг кæнын хъæуы».
Ахуыргæнæг:
- Уæ бон бауыдзæн сыгъдæг зæрдæйæ фæцæрын? (Байхъусын дзуæппытæм).
Бацархайут. Хъуамæ уæ алчи дæр йæхицæн дзура, «æз нæ асайдзынæн», «æз нæ адавдзынæн», «æвзæр ми мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн».
Нарты Батрадзау уæ алчи дæр хъуамæ йæхæдæг ма кæна æвзæр ми, искæмæн æй йæ разы кæнын дæр ма уадза. Уæд уæ зæрдæтæ уыдзысты сыгъдæг.
Урочы кæрон.
Ахуыргæнæг: Нæ урок мæ фæуын фæнды ахæм таурæгъæй.
Кæддæр, дам, иу зондджын лæджы бацарстой, адæймагæн дыууæ цæсты цæмæн ис. Иу цæст ын фаг нæ уаид, дзых æмæ йыл фындз иугæйттæ куы ис. Æмæ, дам, дзуапп радта уыцы лæг: «Галиу цæстæй адæймаг хъуамæ уына йæхи хъæндзинæдтæ, йе ’взæр митæ. Уадз, æмæ сæ раст кæна. Рахиз цæстæй та хъуамæ уына искæй фæзминаг миниуджытæ, цæмæй сын аргъ кæнын зона».
Хæдзармæ куыст: Сочинени-æрфыст: «Æз дæр иу фæзминаг адæймаг зонын».
7