СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Нанама уазагуаты

Нажмите, чтобы узнать подробности

Кусын сываллатты дзурга ныхасы разтыл.Разын канын уарзондзинад

Просмотр содержимого документа
«Нанама уазагуаты»


Темæ: Нанамæ уазæгуаты.


Нысан: 1. Дарддæр кусын сывæллæтты дзургæ ныхасы рæзтыл.

  1. Зонгæ кæнын сабиты адæмон сфæлдыстадимæ. (таурæгь)

  2. Рæзын кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ ног райгуырæн бæстæмæ, не гъæуттæм.

Методикон мадзæлттæ: Хъазт, беседæ, тсо, цæстуынгæ æрмæг.

Урочы фæлгонц: Хæхтæ æмæ доны нывтæ, мæсыг, хæдзарон фос (хъазæнтæ) æмæ сæ хæринаг; дыргътæ, халсартæ, (муляжтæ) голлаг, чыргъæдтæ (2) Хыссæйы къуыбар, 3 чъирийы; кърандæстæ, сыфтæ.


Рагагъоммæйы куыст: Базонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны горæттæ, хъæутæ, дæттæ æмæ хæхты нæмттимæ, дыргътæ æмæ халсартимæ, хæдзарон фосимæ. Бакæсын Джимиты К. аргъæуттæ.


Ахуыры цыд:

  1. Бацæттæгæн рæстæг. Салам раттын.

  2. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цавæр аргъау кастыстæм æрæджы? «Гида арвмæ куыд атахт» (Сывæллæттæ цыбырæй дзурынц йæ мидис)

Раст у. Гидайæн ис тынг хорз Нана. Мах уый тыххæй кастыстæм бирæ аргъæуттæ. Кæд уæ фæнды, уæд æм абон та ацæудзыстæм уазæгуаты.

Ш 1. Сбадæм автобусы æмæ нæ аласдзæн Нанамæ. Дард у фæндаг, цалынмæ цæуæм, уæдмæ ранымайут, цал горæты ис нæ Республикæйы? Цавæр хъæутæ зонут? Сывæллæттæ нымайынц Ирыстоны горæттæ æмæ хъæутæ (æрхæццæ стæм)

2. Ныр та нæ хъæуы доны сæрты ахизын.

Цавæр цæугæдæттæ ис Ирыстоны? - Сывæллæттæ дзуапп раттынц, афтæмæй ахизынц доны сæрты. Цæуæм дарддæр. Æрбахæццæ стæм хæхтæм.

3. Ранымайут-ма, цавæр хæхты нæмттæ зонут?

4. Мæнæ нæ размæ стыр мæсыг (макет), æвæццæгæн ам цæры Нана, бахойæм-
ма йæм. Мæсыгæй рацыд Нана (хъомылгæнæг. Бацин кодта сывæллæттыл,
бахуыдта сæ мæсыгмæ.

- Абадут ма мæ алыварс, мæ хуртæ, æмæ радзурут, чи стут? Зæгъут мын уæ нæмттæ, уæ мыггæгтæ.

5. Сывæллæттæ зонгæ кæнынц Нанаимæ.

- Ныр уæ зондзынæн, мæ хуртæ. Дард горæтæй фæцыдыстут, æмæ хæхтæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты? (О!)

IV. Уæдæ уын æз ныртæккæ радзурдзынæн, Мады хох куыд равзæрди, уыцы
таурæгь. (Сывæллæттæ хъусынц таурæгъмæ). Мæнæ диссаг! Дзурыныл
фæдæн æмæ мæ фос айрох сты. Фæкæсут мæм, мæ хуртæ, фосæн хæринаг
авæрут.


V. Хъæт: «Бафсад фосы» (сывæллæтты иу къорд)

Къусты алыхуызон холлаг (нартхор, мæнæу, сысджы, кæрдæг æмæ æнд.) Сывæллæттæ, фосæй алкæмæн дæр, дæттынц кæмæн цы хъæуы, уый.


ѴΙ.Хазт: «Равзар дыргътæ æмæ халсартæ (сывæллæтты 2-аг къорд)

Нана æрбахаста цæхæрадонæй голладжы дзаг дыргътæ æмæ халсартæ. Сывæллæттæ сæ хъуамæ сæвæрой хицæн чыргъæдты (кусынц ирон музыкæмæ хъусгæйæ). Нана аргъ кæны 2 къорды куыстæн дæр:

Стыр бузныг, мæ къонатæ! Тынг хорз мын баххуыс кодтат! Уæдмæ уын æз та
хыссæ ракодтон, тагьд чъиритæ дæр уыдзысты. Сахуыр кæнон сымах дæр
хыссæ кæнын? (О!)


VII. Уæдæ ма райсут кърандæстæ, сыфтæ, æмæ сныв кæнут


Цалынмæ чъиритæ фыцой, уæдмæ та кафгæ акæнут.

VIII. «Xoнгæ кафт».

IX. Нана æрбахаста 3 чъирийы.

Бамбарын кодта сывæллæттæн сæ нысаниуæг, арфæтæ сын ракодта.

X. Хатдзæгтæ.