СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Нæ рагфыдæлтæ. Мивдисджыты ивынад, мивдисджыты цæсгомон формæтæ .

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по осетинскому языку. Сведения о предках,истории. повторить лексику. уметь создавать пиктограмму.

Просмотр содержимого документа
«Нæ рагфыдæлтæ. Мивдисджыты ивынад, мивдисджыты цæсгомон формæтæ .»





Урочы темæ: «Нæ рагфыдæлтæ».


I. Лексикон æрмæг:

Рагфыдæлтæ, тырыса(тæ), рагон, хуыз(тæ), дих кæнын, къорд(тæ), кувæг (кувджытæ), хæстон(тæ), зæхкусæг (зæхкусджытæ), нысан кæнын, сыгъдæгдзинад, æхсардзинад, фарн.



II. Дзырдуат:

  1. Хъама(тæ) – кинжал(ы).

  2. Уацамонгæ – молитвенная чаша.

  3. Фарнхæсджытæ – несущие благодать.



III. Сараз дзырдтæй хъуыдыйæдтæ:

  1. Нæ, уыдысты, рагфыдæлтæ, хæстонтæ, хорз.

  2. Мыггаг, Борæты, тынг, хъæздыг, куыстуарзаг, æмæ, уыдысты.

  3. Хъаматы, Æхсæртæггаты, сæртæ, æвзистæй, уыдысты.





Темæ: Нæ рагфыдæлтæ.

Текст: Ирыстоны тырысайы историйæ.

Грамматикон

æрмæг: Мивдисджыты ивынад, мивдисджыты цæсгомон формæтæ (фæлхат).

Урочы тип: Интегративон, æрмадзы элементтимæ:

Урочы нысантæ: 1) скъоладзауты ахуыр кæнын темæйæ лæвæрд активон лексикæйæ пайда кæнын; бафидар кæнын ног лексикæ; диалогон ныхасы рæзтыл бакусын; грамматикон æрмæг сфæлхат кæнын;

2) скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын цымыдисдзинад Ирыстоны историмæ, гуырын сæм кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн зæхмæ, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ;

3) бацамонын сын ног æрмæг нæ рагфыдæлты историйæ, ахуыр сæ кæнын хи хъуыдытæ дзурын.


Куысты хуызтæ: Лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; грамматикон хъазт; диалогон ныхас аразын, карточкæтæ-пиктограммæтæ.

Урочы фæлгонц: Ирыстоны тырыса, рагон хъисын фæндыры музыкæ, карточкæтæ-пиктограммæтæ, фæйнæгыл фыст; таблицæтæ; текстытæ; ирон царды уагимæ баст рагон предметтæ.


Урочы цыд: I. Бацæттæгæнæн рæстæг.


II. Ног æрмæгыл куыст.

1.Ахуыргæнæджы разныхас (хъуысы рагон музыкæ).

Зæгъут-ма, мæ хæлæрттæ, кæм цæрæм мах, куыд хуыйны нæ райгуырæн зæхх?

Скъоладзаутæ: - Ирыстон.

Ахуыргæнæг: Сымах зонут, цавæр хуызтæ ис Ирыстоны тырысайыл. Ранымайут-ма сæ. (Дзуапп).

Алы адæмы хаттæн дæр ис йæхи тырыса, йæхи герб, йæхи символикæ. Абон мах дзурдзыстæм Ирыстоны тырысайы тыххæй, базондзыстæм, куыд равзæрд нæ тырыса, цы нысан кæнынц йæ хуызтæ, цæмæн сты афтæ æвæрд.

2.Лексикæйыл куыст.

Фæйнæгыл фыст: тырыса, рагон, рагфыдæлтæ, хуыз(тæ), дих кæнын, къорд(тæ), кувæг (кувджытæ), хæстон(тæ), зæхкусæг (зæхкусджытæ), нысан кæнын, сыгъдæгдзинад, æхсардзинад, фарн, фарнхæсджытæ.

(Скъоладзаутæ кæсынц дзырдтæ, амонынц сын сæ нысаниуæг).

  1. Дзырдтимæ сæ райдайæн уæнгтæм гæсгæ мырон рæнхъытæ аразын (звуковые ряды): Зæгъæм:

Тырыса – тынг, тыхджын, тыппыр;

Рагон – раджы, разæй, ран, рацæуынц;

Къорд – къозо, къомси, къогъо, къопп, къона;

Кувæг – кусæг, курын;

Хæстонтæ – хæдзар, хæлар, хæдон, хæрæфырт, хæфс;

Зæхкусæг – зæронд, зæгæл, зæрватыкк, зæрдæ;

Сыгъдæгдзинад – сывæллон, сыгъд, сыхаг.

2.Лæвæрд дзырдтимæ дзырдбæстытæ аразын. (ахуырдзаутæ аразынц дзырдбæстытæ).

3. Текстыл куыст. Текст бакæсын, ратæлмац æй кæнын.

Ахуыргæнæг кæсы текст. Уый фæстæ йæ скъоладзаутæ кæсынц сæхæдæг æмæ йæ тæлмац кæнынц.

Текст:

Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори. Уый баст у нæ рагфыдæлты, скифты æмæ аланты, историимæ.

Ирон тырысайыл ис æртæ хуызы: урс, сырх, бур. Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой æртæ къордыл: кувджытæ, хæстонтæ æмæ зæхкусджытæ. Тырысайы æртæ хуызы нысан кæнынц уыцы æртæ къорды.

Урс хуыз нысан кæны сыгъдæгдзинад (кувджытæ), сырх хуыз - æхсардзинад (хæстонтæ), бур хуыз - фарн (зæхкусджытæ).


Ахуыргæнæг: Цы базыдтат ногæй ацы текстæй?

Цавæр истори ис Ирыстоны тырысайæн?

Скъоладзаутæ: Ирыстоны тырысайæн ис рагон истори.

Ахуыргæнæг: Цал хуызæй арæзт у нæ тырыса?

Скъоладзаутæ: Æртæ хуызæй.

Ахуыргæнæг: Цал къордыл дих кодтой нæ рагфыдæлтæ?

Скъоладзаутæ: Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой æртæ къордыл.

Ахуыргæнæг: Цавæр къордтыл?

Скъоладзаутæ: Кувджытæ, хæстонтæ, зæхкусджытæ.

Ахуыргæнæг: Уæд Нарт та цал мыггагыл дих кодтой, æмæ цавæр мыггæгтæ уыдысты уыдон?

Скъоладзаутæ: æртæ мыггагыл: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ.

(Ахуыргæнæг дзуры бæлвырддæр уыцы социалон къордты тыххæй).

Ахуыргæнæг: Нæ рагфыдæлтæм тынг кадджын уыдысты кувджытæ.Уыдон зыдтой, цы уыдис æмæ цы уыдзæн, уый.

Адæм лæмбынæг хъуыстой сæ ныхасмæ. Адæм сæ алы

хъуыддаджы тыххæй дæр цыдысты фæрсынмæ уыдонмæ.

- Куыд уæм кæсы, мæ лымæнтæ, цавæр дзаумæттæ дардтой

кувджытæ? (Нæ тырысайы хуызтæ уын æххуыс

кæндзысты дзуапп дæтгæйæ).

Скъоладзаутæ: - Урс дзаумæттæ.

Ахуыргæнæг: - Раст. Сæ дарæстæ, сæ сæрыхъуынтæ, сæ боцъотæ, сæ дзабыртæ, сæ худтæ – иууылдæр уыдысты урс.

- Ныр та рахизæм хæстонтæм. Куыд уæм кæсы, тырысайы дыккаг хуыз цæмæн у сырх? Цæй нысан у сырх хуыз? Уæ цæстытыл цы ауайы?

Скъоладзаутæ:

- Туг.

- Хæст.

- Арт.

Ахуыргæнæг: Уый раст у. Хæстонты цард баст уыд хæстимæ, мæлæтимæ, артимæ, æмæ уымæн у дыккаг хуыз сырх.

Уый у æхсардзинады, хъæбатырдзинады нысан.

- Ахъуыды-ма кæнут, мæ хæлæрттæ, бур хуыз куы фæзæгъæм, уæд та нæ цæстытыл цы ауайы?

Скъоладзаутæ:

- Хур.

- Сызгъæрин.

- Мæнæу.

- Нартхор.

Ахуыргæнæг: - Тынг хорз. Раст. Æцæгæй дæр бур хуыз нысан кæны хур, зæххы хъæздыгдзинад, хор, тыллæг, фарн.

Уый тыххæй йæ райстой нæ рагфыдæлтæ сæ тырысайæн æртыккаг хуызæн.

- Уæдæ цы нысан кæнынц ацы хуызтæ? – Урс?

Скъоладзаутæ: - Сыгъдæгдзинад

(Ам ахуыргæнæг хъуамæ æрдзура, цавæр сыгъдæгдзинады кой кæны, ууыл. Уый у миддунейы, монон сыгъдæгдзинад. Бар ын ис уый уырыссагау бамбарын кæнынæн).

Ахуыргæнæг: - Сырх?

Скъоладзаутæ: - Æхсардзинад.

Ахуыргæнæг: - Бур?

Скъоладзаутæ: - Фарн.


4. Аразæм ассоциативон рæнхъытæ (фысгæ куыст). (Ахуыргæнæг раздæр скъоладзаутæн æмбарын кæны, цы сты ассоциативон рæнхъытæ).

Кувджытæ: чингуытæ, урс дзаумæттæ, урс худ, зондджын, хъал, хорззæрдæ, сыгъдæгдзинад, кувын, аргъуан, зачъетæ, боцъотæ, урс дзабыртæ, урс.

Хæстонтæ: тыхджын, æхсардзинад, топпытæ, бæрзонд, рæсугъд, мæсыг, фидар, бæхтæ, бирæ, хъæздыгдзинад, сырх, туг, хъаматæ.

Зæхкусджытæ: фос, хъуг, бæх, гал, хæрæг, уæрдон, зæхх, хор, мæнæу, нартхор, сызгъæрин, фæллой, бæгæны, хуым кæнын, кусын, куыстуарзаг, хур, хъæздыг.


5. Хъазт «Раст у æви нæу?»

1). Ирон тырыса у æртæхуызон: урс, цъæх æмæ бур (сырх).

2). Нæ рагфыдæлтæ дих кодтой дыууæ къордыл: кувджытæ æмæ хæстонтæ (зæхкусджытæ).

3). Тырысайы æртæ хуызы нысан кæнынц æртæ къорды (раст у).

4). Урс хуыз нысан кæны æхсардзинад (сыгъдæгдзинад).

5). Сырх хуыз нысан кæны фарн (æхсардзинад).

6). Нарт дих кодтой цыппар мыггагыл: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ æмæ Быцентæ (Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ).

Ахуыргæнæг: Раздæр адæм фыссын æмæ кæсын куы нæма зыдтой, уæд ныв кодтой къæдзæхтыл, бæласы цъарыл алыхуызон нывтæ. Уыцы нывтæ-иу æндæр адæймаг куы федта, уæд-иу базыдта, чи у уыцы нывгæнæг, кæцæй у, цы кусæг у. Уыцы нывтæ фæстæдæр схуыдтой пиктограммæтæ.


6. Карточкæтæ-пиктограммæтимæ хъазт «Базон-ма, чи сты?»

Ахуыргæнæг раздæр амоны карточкæты нысæнттæ:

♥ - уарзы.

Х – нæ

- ис

- сæр, бын (фæсæвæрдтæ).

- фарсмæ, раз

! – тынг, бирæ!

Скъоладзаутæ аразынц текст:

Уыдон цæрынц мæсыгты доны раз. Уыдонмæ ис тынг бирæ хор, Уацамонгæ, хъаматæ. Уыдон дарынц рæсугъд рагон дзаумæттæ. Уыдон уарзынц хæхтæ (сæ райгуырæн зæхх). Уыдон бирæ дзурын нæ уарзынц. Сты тынг тыхджын, куыстуарзаг, зондджын.

Ахуыргæнæг: - Чи сты уыдон?

Скъоладзаутæ: - Уыдон сты нæ рагфыдæлтæ.

Ахуыргæнæг: Бакæсут-ма ацы тагъддзуринаг уæхинымæры. Чи йæ бакæсдзæн тагъддæр æмæ растдæр?


7. Тагъддзуринаг.

«Сырдон сындзыты сырдты сырдта, Уырызмæг та уырыдзытæ уæрмы уыгъта».

Скъоладзаутæ кæсынц тагъддзуринаг, ерыс кæнгæйæ.


8. Диалоджы репликæтæ баххæст кæнын:

1) … … … ? (Кæм цæрыс ды?)

2) – Ирыстоны.

1) … … … … ? (Цавæр ран ис Ирыстон?)

2) Хæхты астæу.

1) … … … … … ? (Ирыстоны тырысайыл цал хуызы ис?)

2) Æртæ хуызы.

1) … … ? (цавæр хуызтæ?)

2) Урс, сырх, бур.

Бакусын диалоджы растдзурынадыл, интонацийыл.


8. Хъазт «Базон-базон, уый та циу?»

Скъоладзаутæй алы къорд дæр (рæнхъ) хъуамæ æрхъуыды кæна йæхи уыци-уыци. Зæгъæм: а).Уый у бур, вæййы бирæ, у хæрзад (нартхор).

æ).Ис ын цыппар къахы. У тыхджын æмæ рæсугъд (Бæх) æмæ а.д.


9. Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын:

1) Нæ, уыдысты, рагфыдæлтæ, хæстонтæ, хорз.

2) Мыггаг, Борæты, тынг, хъæздыг, куыстуарзаг, æмæ, уыдысты.

3) Хъаматы, Æхсæртæггаты, сæртæ, æвзистæй, уыдысты.


10. Хъазт «Мах стæм…» (æрмадзы элементтимæ).

Ахуыргæнæг скъоладзауты адих кæны æртæ къордыл. Алы къорд дæр хъуамæ бацæттæ кæна Нарты иу мыггаджы тыххæй радзырд. Ома, цæмæй хицæн кодтой Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ.

Къорды уæнгтæ кусынц, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ. Къорды алы уæнг дæр хъуамæ зæгъа иу хъуыдыйад.

Цæмæй сын æнцондæр уа хъуыдыйæдтæ аразын, уый тыххæй сын ахуыргæнæг сæ разы æрæвæры лæвæрд мыггагимæ баст нысан (предметтæ, нывтæ): хъама, кувæн къус, нартхоры къус æмæ а.д. Зæгъæм, Алæгатæ: чингуытæ, урс дзаумæттæ, урс боцъотæ; Æхсæртæггатæ: бæхтæ, хъаматæ, хæстон дзаумæттæ; Борæтæ: æфсиртæ, фос, зынаргъ дзаумæттæ.

Ахуыргæнæг куысты размæ æрдзуры, фæйнæгыл цы таблицæ ис, ууыл (мивдисджыты цæсгомон формæтæ).

Алы къорд дæр йæ хъуыдыйæдтæ дзуры бæлвырд цæсгомон фæрмæйы (I-аг, II-аг, III-аг).

Сфæлхат сæ кæнын.

Дæнцæг:

1р. Мах стæм Æхсæртæггатæ. Стæм тыхджын, æхсарджын. Махмæ ис хъаматæ, бадæм бæхтыл. Арæх фæцæуæм балцы. Мах зонæм мæсгуытæ амайын. Махæн ис уæззау дзаумæттæ.

2р. Уыдон сты Алæгатæ. Сты сыгъдæг адæм, зонынц кæсын æмæ фыссын. Уыдонмæ ис чингуытæ. Уыдон дарынц урс дзаумæттæ, худтæ æмæ дзабыртæ. Уыдонæн ис урс сæрыхъуынтæ, урс боцъотæ, урс зачъетæ. Уыдон сты зондджын.

3р. Сымах стут Борæтæ. Стут зæхкусджытæ (фарнхæсджытæ). Сымахмæ ис бирæ фос: хъуццытæ, фыстæ, кæрчытæ. Сымах бирæ кусут. Сымах æмбырд кæнут нартхор, мæнæу. Сымах стут куыстуарзаг адæм. Сымах стут хъæздыг. Сымах уарзут чъиритæ æмæ бæгæны.


IV. Хъомыладон беседæ.

Ахуыргæнæг: Абон мах цæуыл дзырдтам?

Скъоладзаутæ: Нæ рагфыдæлтыл.

Ахуыргæнæг: Æндæр ма цæуыл?

Скъоладзаутæ: Нæ тырысайыл, Нартыл, скифтыл.

Ах-г: - Уыдон иууылдæр иумæ хуыйнынц нæ истори, æндæр хуызы та – нæ уидæгтæ.

Ракæсут-ма фæйнæгмæ. Ам ис ирон æмбисонд фыст:

«Бæлас æнæ уидæгтæй нæ зайы». (Дерево без корней не растет).

Куыд æмбарут, сывæллæттæ, ацы æмбисонд? Радзурут-ма мын æй. (Уырыссагау дæр ын ис зæгъæн).

Скъоладзаутæ дзурынц, бæлас æнæ иудæгтæй куыд нæ цæры, уидæгтæ йын хъæуы, цæмæй рæза, бæрзонд уа, тыхджын, æнæ уидæгтæй бæлас ахауы æмæ а.д.

Ахуыргæнæг: Тынг раст. Тынг зондджын ныхæстæ ракодтат, бузныг уын. Уый раст у. Адæймаг куы райгуыры, уæд ын Хуыцау æмæ йæ ныййарджытæ балæвар кæнынц уидæгтæ æмæ … базыртæ. Уидæгтæ, цæмæй фидар хæца зæххыл. Уыдон сты йæ фыдæлтæ, йæ рагфыдæлтæ, йæ адæмы истори, йæ мыггаг. Базыртæ та уымæн, цæмæй бæрзонд тæха, сахуыр кæна, уа йæ фыдæлтæй зондджындæр, тыхджындæр, æхсарджындæр. Æнæ уымæй цард нæй. Фæлæ мах куы ферох кæнæм нæ уидæгтæ, куы нæ зонæм нæ истори, уæд нæ базыртæ хæрдмæ нæ сисдзысты, æрхаудзыстæм бынмæ, нæ бон бæрзонд стæхын не суыдзæн.

Æз арæх фæкæсын хъазтмæ «Своя игра». Æрæджы дзы уыдис ахæм фарст: «Зæгъут-ма, цавæр республикæйы тырыса ис экраныл?» (уый уыди Ирыстоны тырыса).

Ничи йæ зыдта хъазджытæй. Мæнæн хъыг уыдис, фæлæ уыдонæн уый худинаг нæу. Уыдон Ирыстоны нæ райгуырдысты, ницы бар æм дарынц. Мах дæр бирæ цыдæртæ нæ зонæм. Фæлæ махæн, Ирыстоны чи райгуырд æмæ Ирыстон йæ райгуырæн зæхх кæмæн у, уыдонæн худинаг уыдзæн Ирыстоны истори, нæ рагфыдæлты царды хабæрттæ нæ зонын,


V.Хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ цы базыдтам мах абон Ирыстоны тырысайы тыххæй?

Скъоладзаутæ: Ирыстоны тырысайыл ис æртæ хуызы: урс, сырх, бур.

- Урс у сыгъдæгдзинады нысан.

- Баст у кувджытимæ.

- Сырх у æхсардзинады нысан. Баст у хæстонтимæ.

- Бур у æхсардзинады нысан. Баст у зæхкусджытимæ.

- Нарт дæр дих кодтой æртæ мыггагыл: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Борæтæ.


VI. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VII. Хæдзармæ куыст: ныффыссын чысыл нывæцæн Нарты æртæ мыггагæй иуыл (скъоладзаутæ æвзарынц сæхæдæг).