СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг» (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок-анализ рассказа Басиева Михаила "Генерал Исса Плиев".

Просмотр содержимого документа
«Гом урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг» (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).»



16.05.2019 аз



5-æм «Д» кълас





Гом урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг» (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).





Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Дзобелаты Венерæ Дзигойы чызг



Урочы нысантæ:

1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Плиты Иссæйы цардвæндагимæ.

2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.

Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, дзырдуæттæ, нывтæ, къулыл газет «Инæлар Плиты Иссæ», докладтæ.

Урочы эпиграф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Петр Павленко

Урочы цыд.

1. Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ(мотиваци).

Ахуыргæнæг: Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард! ( «Фыдыбæстæ». Кочысаты М.)

– Æцæгæйдæр, алы адæймагæн дæр зынаргъ сты йæ бинонтæ дæр, йæ мад дæр, йæ цард дæр. Фæлæ фыдгул ныййарæг зæхмæ куы æрбалæбуры, уæд адæймаджы æрбайрох вæййы йæ цард æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ къæс бахъахъхъæныны тыххæй тохы бацæуы. Никуы ферох уыдзысты нæ бæстæйы адæм хæсты цы скъуыхтытæ равдыстой, зæххы къори фашизмæй куыд фервæзын кодтой, бирæ фæлтæрты цагъары къæлæтæй куыд бахызтой, уыдæттæ. Уæлахизы азфысты сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны сахъгуырдты нæмттæ дæр. Æмæ мах абон сæрыстыр стæм не сгуыхт æмбæстæгтæй, хæсты быдыры лæгдзинад чи равдыста, сæхицæн æмæ Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, уыдонæй.

Хæдзармæ лæвæрд æрмæг сбæрæг кæнын.

– Абонмæ уæ хъуыди бацæттæ кæнын цыбыр проектон – иртасæн куыстытæ. Дыууæ къордæн дæр лæвæрд уыд иумæйаг темæ: «Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц». Фæлæ ма уыцы иумæйаг темæйæ уæлдай, алы къорд дæр хъуамæ йæ проектон куыстæн йæхæдæг æрхъуыды кодтаид дæлбар темæ. Равзæрстам алы къордæн дæр разамонджытæ, æмæ ныхасы бар уыдонæн.

Скъоладзау: Мах бацæттæ кодтам хъусынгæнинаг æмæ мультимедион презентаци Доййаты Дауыты тыххæй. Нæ куысты темæ у : «Зæххыл цы стырдæр тох æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд». (Плиты Грис).

Скъоладзау: Нæ ныхас нæ райдайын фæнды Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæй.

«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».

( Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, презентаци, зарæг).

Ахуыргæнæг: Кæд уæ искæмæ фӕрстытæ ис? Кæд исты нæ бамбæрстат?

Скъоладзау: Æз нæ бамбæрстон дзырд – æрдæгсакъадахы нысаниуæг.

Скъоладзауы дзуапп. Æрдæгсакъадах – полуостров. Сакъадах – остров. Дыккаг къорды проектон куыст.

Скъоладзау: Махæн та нæ проекты темæ у : «Ирон лæг, куыд бæрзонд у дæ кад». (Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, къулыл газет, мультимедион презентаци, киноныв, зарæг «Плиты Иссæ»).

Скъоладзауты фӕрстытæ. Æз нæ бамбæрстон дзырд – балхонæджы нысаниуæг.

Скъоладзауы дзуапп. Дзырд балхонæг арæзт у дыууæ хайæ. Бал + хонæг = балхонæг. Ома, къорд йæ фæстæ кæны.

Ахуыргæнæг: Мæнмæ дæр ис фарст. Уæ ныхасы райдианы загътат, зæгъгæ, Плиты Иссæ райгуырдис Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Цымæ кæм ис уыцы хъæу? (Дзуапп).

 Проектыл куыст цас æнтыстджынæй рауад, уый сбæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг. Тынг хорз бацæттæ кодтат уæхи нæ урокмæ. Цы æрмæг æрæмбырд кодтат, уымæй раст спайда кодтат. Уæ презентацион æрмæг кæрæдзийы фæдыл раст фæткыл равæрдтат. Фæлæ ма мын зæгъут, цы ис иумæйагæй Доййаты Дауыт ӕмӕ Плиты Иссӕйы ‘хсӕн?

Скъоладзау: Дыууæйæ дæр сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ.

Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр равдыстой стыр хъæбатырдзинæдтæ æмæ хæстон зонындзинæдтæ тохы быдыры.

Скъоладзау: Сæ нæмттæ хæссынц уынгтæ, скъолатæ. Æвæрд сын ис цыртдзæвæнтæ. Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Фыдыбæстæ.

Скъоладзау: Дыууæйæ дæр тох кодтой Украинæйы. Фæлæ Дауыт æнусмæ баззад Керчы зæххыл. (Æрныхас кæнын Хъырым фæстæмæ Уæрæсейы кæй баци, ууыл ).

Ахуыргæнæг: Куыд федтам, афтæмæй бацæттæ кодтат Плиты Иссæйыл къулыл газет.

Иссӕйы ном хæссынц уынгтæ, фæзуæттæ, скъолатæ. Ӕвæрд ын ис бирæ рæтты цыртдзæвæнтæ. Цымæ Иссæйы хуызæн лæгæн йæ мад æмæ йæ фыд та цавæр адæм уыдысты?

Скъоладзауы ныхас Иссæйы бинонты тыххæй. (презентацион ӕрмӕг)

Ахуыргæнæг: Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Иссæ ныгæд ис Хъæбатырты Аллейæйы. Иссæйы портреттæ нывгонд æрцыдысты Ирыстоны къæдзæхтыл дæр. Зæгъут – ма, кæм ма йын æвæрд æрцыд цыртдзæвæн – монумент?

Скъоладзау: Дзӕуджыхъӕуы, Плиты Иссæйы номыл фæзуаты. Ахуыргæнæг: Йæ автортæ - скульптор Тотиты Барис æмæ Ходты Микъала (1997 аз). Презентацийы æрмæг. ( Цыбыр киноныв «Монумент»).

Ахуыргæнæг: Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны монумент?

– Куыд уæм кæсы, цымæ абон нæ урочы темæйы æрмæг кæимæ баст уыдзæн (Дзуапп).

2. Ног æрмæг. Нæ урочы темæ : «Ирон лæджы кады фæндаг (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ»-мæ гæсгæ).

( слайд) – Нæ урочы эпиграфæн райстон Петр Павленкойы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». ( слайд)

– Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? Нæ урочы сæ кæй тыххæй ис зæгъæн?

Скъоладзау: Нæ урочы сæ зæгъæн ис Доййаты Дауыты æмæ Плиты Иссæйы тыххæй. Уыдон нæ фæхудинаг кодтой ирон лæджы ном. Сæхи равдыстой намысджын хæстонтæй.

Ахуыргæнæг: Ахæм хæстонтæй кæй равдыстой сæхи, Хъæбатыртæ Зæрдæргъæвд – одаренный, способный

Хæс. Баситы М. радзырд аивадон æрхъуыды æмæ æцæгдзинадыл арæзт кæй у, уый бамбарын кæнын скъоладзаутæн.

Хæс. Бакæсын æмæ равзарын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ».

3. Беседӕ. (слайд).

Ахуыргæнæг: Цы зæгъы автор Плиты Иссæйы хæстон курдиаты тыххæй? (Чиныгимæ куыст).

– Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном дыууæ хатты? (Дзуапп).

– Иссæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цавæр кад скодта? (Дзуапп).

– Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг? (Дзуапп).

– Адæм Иссæйы ном кæй нæ рох кæнынц, уый цæмæй бæрæг у? (Дзуапп).

Хæс. Радзурын Бекойты Солтаны мысинæгтæй. ( «Плиты Иссæ». Уалыты Т. 68-м ф. «Удварны хæзнатæ»).

Ахуыргæнæг: афтæмæй Иссæйæн базонгæ стæм йæ царды хабæрттимæ, йе’ддаг сурæтимæ. Æмæ цымæ ахæм лæгæн та йæ хъæлæс, йæ ныхасыхъæд цавæр уыд? Куыд уæм кæсы?

Скъоладзауты хъуыдытæ.

 Фӕлладуадзӕн рӕстӕг(Рефлекси)- (Хъуысынц ирон музыкӕйы зӕлтӕ ӕмӕ Иссæйы хъæлæс).

4. Æрмæг бафидар кæныны куыст. Нæ абоны темæ куыд бамбæрстат, уый мæ сбæрæг кæнын фæнды синквейнты фæрцы.

Хæс. Алчидæр уæ саразæд иу синквейн номдар «Инæлар»-ыл. Æмæ йæ уæ литературæйы тетрæдты ныффыссут. Ахуыргæнæгæн æххуыссæн.

1. Инæлар.

2. Хъæбатыр, фидардзаст.

3. Тындзы, хæцы, тох кæны .

4. Ирон кадджын лæг.

5. Балхонæг.

1. Инæлар.

2. Хæрзæлвæст, бæрзонд.

3. Уарзы, зоны, тох кæны

.4. Советон Цæдисы Хъæбатыр.

5. Командæгæнæг.

5. Хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг. Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Плиты Иссæ ирон лæджы кадджын ном дæлæмæ не’руагъта нæ, фæлæ йæ бæрзонддæр къæпхæнмæ систа. Æмæ махæн та нæ хæс у, уыцы кад дæлæмæ ма ӕруадзын. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй хъæуы æгъдауджын уæвын, хорз ахуыр кæнын, ныййарджытæм хъусын æмæ Райгуырæн бæстæйы патриот уæвын.

Рефлекси.

Ахуыргæнæг:

– Æз нæ урочы ногæй базыдтон…

– Мæ зæрдæмæ фæцыдис – нæ фæцыдис…

Зæгъут – ма уæ хъуыдытæ.

Скъоладзауты дзуаппытæ:

– Æз урочы базыдтон, Плиты Иссæйы номыл, нæ горæты музей кæй ис, уый.

– Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, музейы кусджытæ Иссæйы хиуæтты ингæнтæм кæй зилынц, уый.

– Æз та базыдтон инæлары ном кæй хæссынц бирæ горæтты уынгтæ.

– Мæнмæ та цымыдисаг фæкастис, куыд бацис йæ бон баиу кæнын бæхджын æфсад æмæ танкæтæ иумæ.

Скъоладзаутæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

6. Хӕдзармӕ куыст: 1. Уацмыс «Инӕлар Плиты Иссӕ»-йы аив каст.

2. Ныффыссын цыбыр нывӕцӕн: «Уӕлахизы кадджын бон».

Скъоладзаутӕн арфӕйы ныхӕстӕ зӕгъын, афæндараст сæ кæнын.