СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Фæрсдзырд" : тест 7 къласæн

Нажмите, чтобы узнать подробности

Итоговый тест по теме "Фæрсдзырд" для 7 класса.

Просмотр содержимого документа
«"Фæрсдзырд" : тест 7 къласæн»

Фæрсдзырд тест

I вариант

1. Бацамон раст æмбарынад.

А. Фæрсдзырд нысан кæны предметы ном.

Æ. Фæрсдзырд у, архайды æууæл, архайды миниуæг чи æвдисы, ахæм ныхасы хай.

Б. Фæрсдзырдтæ ивынц нымæцтæм гæсгæ.

2. Бæрæггонд дзырд фæрсдзырд кæцы хъуыдыйады у?

А. Аминæты худæндзаст цæстæнгас йæхимæ аздахы фæндагыл цæуджыты.

Æ. Зæринæ худæндзастæй лæууы, æмæ бæрæг у, йæ зæрдæ цæмæйдæр райы.

3. Бацамон, рæдыд кæцы хъуыдыйады уагъд æрцыдис, уый.

А. Бынтон сабырдæрæй дзур, кæннод иннæты хъыгдаргæ кæныс.

Æ. Ме ’фсымæр фысгæ мæнæй фыдынддæр кæны, дзурынмæ та хуыздæр арæхсы.

Б. Ай та цы диссаг у: рагæй-æрæгмæ никуы мæм бабæллыд бирæгъ хæстæгмæ... (Къоста).

4. Бацамон, афоны фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

А. Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты ’мæ быдырты. (Калоты Х.)

Æ. Исчердыгæй сыбыртт куы райхъуысы, уæд та сывæллон фесхъиуы.

Б. Иу сæумæрайсом нæ мад, хъуг хизæнмæ скъæргæйæ, фехъуыста маргъы тæригъæддаг уаст.

В. Мæ рæзты тынг тагъд атахтис барæг, чи уыдис, уый дæр нæ базыдтон.

5. Бацамон, дзырдты цухгонд дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл раст æвæрд цы цæджындзы сты, уый:

а) æ) б) в)

алыр…ыгæй д ц д д

а…тæмæй ф с ф ф

рай…омæй д ф с ц

кæ…æйдæр с д ц с

6. Бацамон, номивæгæй арæзт фæрсдзырдтæ цы хъуыдыйады ис, уый.

А. Лæппутæ, ацырдæм рацæут, лæгъз фæндагыл нæхимæ тагъддæр бахæццæ уыдзыстæм.

Æ. Гæды кодта уайдзæф куыдзæн: «Бирæгъ дæр дæуау нæ уыдзæн, иууыл – зыд æмæ кæрæф, алыран кæныс хæлæф».

Б. Лæппу уайтагъд йæ рог автомашинæйы абадтис, дуар мæсты гуыпп ныккодта æмæ хъæуы уынгты фæаууон.

7. Бацамон, уæлахизы бæрцы фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

А. Тæккæ кæройнагдæр хæдзары раз задис дыууæ тута бæласы.

Æ. Лæппу уайы тагъд, цæмæй фыццаг урокмæ ма байрæджы кæна.

Б. Хуры тынтæ сæ фæлмæндзинад зæххыл æнæвгъауæй тауынц.

8. Бацамон дзырдбæстытæ бæрцон фæрсдзырдтимæ:

а) райсомæй скаст, кæмдæр бамбæхстис, рæсугъдæй зыны;

æ) бирæ фæцыдысты, чысыл сырæзти, дзæвгар абадтис;

б) гыццыл сырæзтис, арф бамбæхстис, барæй загъта;

в) райсоммæ баззад, раджы сыстад, кæмдæр бахсæвиуат кодта.

9. Фæрсдзырдтæ раст фыст кæцы рæнхъы сты?

а) ис кæцы, æ рæджы, кæмдæр иддæр, уæле ау, фалыйе, астæуæй;

æ) рахизфарсæрдæм, скæсæнæрдыгæй, æрæгмæ, аизæр, дæлиау, уæле;

б) ма куы, дæлыйе, фæстыйе, ни кæцы, уæлæ ’рдæм;

в) макæцы, фæрсы ’рдæм, дæлиау, уæлæрдæм, алы ’рдæм.

10. Тексты цал фæрсдзырды ис?

Фæндаг фæзылд Мæцутæйырдæм. Ам баиу сты дыууæ доны.

Галиуæрдæм доны былтыл фæндаг цæуы Махческы хъæуыл. Дарддæр –

Фæсналмæ. Ам сты Хъазанты, Бекмæрзты, Хъамболты æмæ Хъыбызты

хъæутæ. Уырдыгæй дæлæмæ фæндаг цæуы галиуæрдæм Гæлиаты хъæумæ,

рахизæрдыгæй та – Дымтæм.

Ардыгæй фæндаг цæуы æфцæгыл Уæлладжыры коммæ.

а) 9 б) 10

æ) 6 в) 8



Фæрсдзырд тест

II вариант

1. Бацамон раст æмбарынад.

А. Фæрсдзырдтæ номдартæй арæзт нæ цæуынц.

Æ. Фæрсдзырдтæн ис æххæст æмæ цыбыр формæ.

Б. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдтæ дих кæнынц фондз къордыл: архайды хуызы фæрсдзырдтæ, бæрцон фæрсдзырдтæ, афоны фæрсдзырдтæ, бынаты фæрсдзырдтæ, нысаны фæрсдзырдтæ æмæ æфсоны фæрсдзырдтæ.

2. Бæрæггонд дзырд фæрсдзырд кæцы хъуыдыйады у?

А. Сослан фысгæ рæсугъд кæны, фæлæ йæ куысты рæдыдтытæ бирæ

вæййы.

Æ. Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр æмæ хъæздыгдæр бынæттæй иу у Бехъан.

3. Бацамон, рæдыд кæцы хъуыдыйады уагъд æрцыдис, уый.

А. Æз архайын, цæмæй фыссон тынгдæр рæсугъддæр.

Æ. Олег дзырдта иннæ скъоладзаутæй хуыздæр, фæлæ йæм ничи хъуыста.

Б. Уыдон архайдтой тагъд цæуыныл.

4. Бацамон, бынаты фæрсдзырд кæцы хъуыдыйады ис, уый.

А. Уым æрцардысты сырддонцъиутæ, æмæ зæрватыччытæ атахтысты æндæр бынат агурæг.

Æ. Дыууæ æмбалы кæрæдзийыл афтæ сахуыр сты, æмæ сæ нал фæндыд фæхицæн уæвын.

Б. Æхсæвы мит уыйбæрц æруарыдис, æмæ райсомæй кæртмæ рацæуæн нал уыдис.

В. Барæй дæм лæмæгъ лæууыдтæн, – фараст та цы уыд? Къоста

5. Бацамон, дзырдты цухгонд дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл раст æвæрд цы

цæджындзы сты, уый:

а) æ) б) в)

иу… хсæв д ч æ æ

ис..ердыгæй н æ ч ч

ин…æбон æ д н д

цырд…æр æ н д н

6. Бацамон, нымæцонæй арæзт фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

А. Ахмæт фæндагыл сабыргай цыдис æмæ хъуыдытæ кодта.

Æ. Хистæр-иу бинонты алырдæм арвыста, алы куыстытæ кæнынмæ.

Б. Уазæг хæдзармæ фыццаг хатт куы æрбацæуы, уæд ыл фысымтæ бацин кæнынц.

7. Бацамон, барæн бæрцы фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

А. Раджы заманы адæм цардысты зæххы æмæ фосдарыны куыстæй.

Æ. Азæмæтмæ афтæ кæсы, цыма тынг куы ныхъхъæр кæна, уæд æй

хуыздæр бамбардзысты.

Б. Куывды хистæрæн сбадын кæнын хъæуы хуыздæр кувæг лæджы.

8. Бацамон дзырдбæстытæ афоны фæрсдзырдтимæ:

а) дуканийы раз, бæрзонд стахтис, æрæгмæ схуыссыдис, кæддæрид-дæр бахъæуы;

æ) сындæггай ацыдис, чысыл ахордта, æвиппайды фесхъиудта;

б) знон ссыдис, æрæджиау бахордта, раджы схуыссыд, райсоммæ йæ аргъæвта.

9. Фæрсдзырдтæ раст фыст кæцы рæнхъы сты?

а) æрæджыйау, галиуæрдыгæй, фæстие, а бон, кæм дæриддæр;

æ) æрæджиау, никæцæй, фæсте, кæддæриддæр, рахизæрдыгæй, фæстиау;

б) ни кæцæй, ныгуылæнырдыгæй, фæстæйау, уæлеау.

10. Тексты цал фæрсдзырды ис?

Æрдзы диссæгтæ бирæ сты. Ирыстоны кæм нæ уыдтæн, ахæм бынат зын ссарæн у. Фæлæ ам цы уыдис, уый никуы федтон. Иу гыццыл фæзуатæй хæрдмæ цыдысты суадæттæ хъармæй. «Хъæрмæдон» дæр æй уымæн схуыдтой адæм. Æппæтæй диссагдæр та уый уыдис, æмæ уыцы хъарм дæтты астæуæй суар калдис уазалæй дæр.

а) 5 б) 8

æ) 6 в) 3